21 июня 2025, 12:36
Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег «Ирыстоны сæраппонды» майдантæ кадджын уавæры радта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ
Йæ зæрдæ сын загъта тагъд рæстæджы Уæлахизимæ сæ фыдыуæзæгыл сæмбæлын.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ, Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег «Ирыстоны сæраппонды» майдантæ кадджын уавæры радта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ Чъерджиаты Зауырбегæн æмæ Габолаты Артурæн. Дыууæйæ дæр сты кадры æфсæддонтæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы сты фыццаг бонтæй фæстæмæ. Уыимæ, лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад æвдисгæйæ, хъахъхъæнынц нæ бæстæйы кад æмæ намыс. Республикæйы разамынды номæй Томайты Ирбег раарфæ кодта Чъерджиаты Зауырбегæн æмæ Габолаты Артурæн, тохы быдыры æфсæддон хæстæ ныфсхастæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй. Йæ зæрдæ сын загъта тагъд рæстæджы Уæлахизимæ сæ фыдыуæзæгыл сæмбæлын.

темæмæ гæсгæ