11-аздзыд лæппу ис сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны реанимацийы
Хъобанмæ хæстæг æнæбары аварийон æрбадт цы хæдтæхæг скодта, уый пилоттæй иу ис тынг уæззау уавæры. Ныртæккæ ис республикæйы клиникон рынчындоны реанимацийы хайады. Иннæ пилоты раивтой æмиу цæфты хайадмæ. Йæ уавæр у уæззау. 2 хистæр пассажиры ауагътой сæхимæ. Рафыстой, æнæнхъæлæджы цауы хъыгдард чи баййæфта, уыцы 2 чызджы дæр. Цæуы сыл 8 æмæ 10-азы. Ныр сæ амбулаторон хуызы дзæбæх кæндзысты поликлиникæйы. 11-аздзыд лæппу ис сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны реанимацийы. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ йæ цардæн тæссаг нæу.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хæдтæхæг аварийон æрбадт скодта 31-æм августы. Кодта ахуырадон-тренировкæгæнæн тахт. Бадтис дзы 15 адæймаджы. Авари цалынмæ не рцыд, уæдмæ нысанмæ гæсгæ 8 парашютисты рагæпп кодтой. Афтæ æнæнхъæлæджы уавæры хъыгдард баййæфтой 7 адæймаджы. Уыдонмæ бахæццæ уæвын æнцон нæ уыд. Хæдтæхæг æрбадт зын бацæуæн кæдæм уыд, ахæм бынаты. Фæндаджы хай ирвæзынгæнджытæ фистæгæй цыдысты. Ацы цауы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.




