Чырыстон дины сæйрагдæр бæрæгбонмæ æрбамбырд сæдæгай адæмтæ
Рæсугъд бæрæгбон арæзт æрцыд Хохы Санибайы дæр. Уым бынæттон аргъуаны сбæрæг кодтой Кæрдæгхæссæн. Чырыстон дины сæйраг бæрæгбæттæй иу æрбамбырд кодта сæдæгай уырнæг адæмты. Се хсæн дины скъолаты ахуырдзаутæ æмæ туристтæ дæр. Куыд рауад уд сыгъдæггæнæн бон, уый тыххæй радзурдзæн Сосранты Жаннæ.
Хохы Санибайы аргъуаны сбæрæг кодтой Кæрдæгхæссæны бæрæгбон. Чырыстон дины сæйрагдæр бæрæгбонмæ æрбамбырд сæдæгай адæмтæ. Дины скъолаты ахуырдзаутæ, туристтæ, æмæ æндæр уырнæг адæм. Плиты Ларисæ фæцæуы Ильяйы номыл аргъуанмæ, фæлæ ацы бон сбæрæг кæнынмæ та йæ бинонтæ æмæ хиуæттимæ æрбацыд ардæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йын царды сæйрагдæр у йæ сывæллæттæ Хуыцауыл уырнонæй куыд рæзой. Ацы бынат та йæхимæ лвасы алы кары адæм дæр.
Ацы аргъуан нымад у Бæстæйы Хуссар хайы кæройнагыл. Ардæм чи цæуы, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ ам куы фæкувынц, уæд сæм афтæ фæкæсы, цыма Хуыцауимæ комкоммæ ныхас кæнынц, афтæ. Аргъуаны бæстыхайы ма ис диссаджы рагон бæлас. Адæймаг йемæ куы адзура, йæ хъуыдытæ æмæ йæм йæ фæндтæ куы фæхæццæ кæна, уæд ын фенцондæр вæййы. Кæрдæгхæссæны бæрæгбонмæ хуынд æрцыдысты, Донецкæй Ирыстонмæ чи æрбацыд, уыдон дæр. Ныр цыппæрæм мæй цæрынц Дзæуджыхъæуы. Алы бон æнхъæлмæ кæсынц хуыздæр хабæрттæм. Сывæллæттæй бирæтæ цыдысты Донецкы дины скъоламæ. Æмæ сын æхсызгон уыд ацы бынаты фенд. Уыимæ куырнц уæларвон хъарутæй сæйрагдæр иунæг хъуыддаг – Дунейыл сабыр цард куыд уа, хæстæн йæ кой дæр куыд фесæфа æмæ сæ къонатыл дзæбæхæй куыд сæмбæлой.
Историмæ гæсгæ Хохы Санибайы аргъуан арæзт æрцыд 12 æнусы. Уæдæй фæстæмæ цалдæр хатты фехæлд. Фæлæ та йын йæ бындурыл куыст æрцыд. Абоны аргъуан, йæ ацы хуыз райста, 90-æм азты кæрон. Хуыцауы уарзон адæмы фæрцы.
Кæрдæгхæссæны бæрæгбон арæзт æрцыд æппæт уагæвæрдтæм гæсгæ. Бацархайдта дзы, куыд æрвылхатт афтæ, тынг бирæ адæм. Уыимæ, æппæт æрбацæуджытæн арæзт æрцыд концертон программæ æмæ бæрæгбоны фынгтæ.
Кæрдæгхæссæны бæрæгбон нымад у аргъуаны боныл. Уæд Уаларвон хъарутæ Хуыцаумæ кувын райдыдтой алы æвзæгтыл. Æртæ мин адæмагæй фылдæр та уыцы бон сæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтой. Кæрдæгхæссæны фæкурынц хиуæттæн æнæниздзинад. Хæдзары та сæварынц бæрзбæласы къалиуты баст.




