Ерысты 2-аг къæпхæн арæзт æрцыд Стъараполы, æмæ дзы архайдтой 2008-æм азы гуырд спортсменты командæтæ
Хоккейон клуб «Алайнаг фыранктæ» рацыдысты Хуссар æфсæддон æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты ерысты финалмæ. Ерысты 2-аг къæпхæн арæзт æрцыд Стъараполы, æмæ дзы архайдтой 2008-æм азы гуырд спортсментæ. Фыццаг бынат бацахста цæгатирыстойнаг зымæгон спорты хуызты скъолайы командæ «Алайнаг фыранктæ». Дзæуджыхъæуккаг æвзонг хоккеисттæ фæуæлахиз сты æппæт 6 хъазты, æмæ рацыдысты финалмæ. Уый та уыдзæн Сочийы.
Цæгат Ирыстоны 2 командæйы ацæудзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды финалон хъæзтытæм хоккейæ. Уыдзысты Краснодары крайы.
2006-æм азы гуырд лæппутæн финалмæ рацæуыны фæндаг æнцон нæ уыд. Стъараполы кæд рамбылдтой, уæддæр дыууæ хатты фæхæрд сты, æмæ сæ бон кæронбæттæн хъæзтытæм рацæуын нæ уыд. Сæ дарддæры хъысмæт аразгæ уыд, Дзæуджыхъæуы куыд ахъаздзысты, уымæй. Æмæ ам лæппуты къухы бафтыд рамбулын. Фыццаг матчы «Алайнаг фыранк»-тæ райдыдтой æмбулын Симферополы «Пионер»-ы. Иннæ дыууæ матчы дæр командæ ахъазыд хорз, кæд æмæ тренер бынтон разы нæ уыд, уæддæр.
2008-æм азы гуырд спортсменты командæйæн та Стъараполы цыдысты сæ взарæн хъæзтытæ. Æппæт фембæлдтыты дæр лæппутæ рамбылдтой. 3 уæлахизы иумæйаг хыгъд у 39-8.
Ныртæккæ дыууæ командæйы дæр кæнынц тренировкæтæ. Уый фæстæ та уыдзысты радон ерыстæ.
Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ хоккейæ уыдзысты Краснодары крайы, уалдзæджы. Алы кары командæты хсæн архайдзысты 6-гай командæтæ. «Алайнаг фыранктæ» йæм сæхи цæттæ кæнынц хъазуатонæй.




