филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:37 суббота, 28 сентября 2024
27 января 2022, 12:57
Хъолайы цъити 2002-æм азы сентябры цы хид ахаста, уый ныртæккæ цæуы ногæй арæзт

Уал азы фæстæ ам фæзындзæн Хъæрмæдонмæ ног фæндаг дæр

Хъолайы цъити 2002-æм азы сентябры цы хид ахаста, уый ныртæккæ цæуы ногæй арæзт. Уал азы фæстæ ам фæзындзæн Хъæрмæдонмæ ног фæндаг дæр. Цæмæй та йæ ногæй дон ма ахæсса, уый тыххæй дзы ныртæккæ æвæрынц дондзæуæн хæтæлтæ. Æдæппæтæй уыдызсты 11 конструкцийы. Фæндаг йæхæдæг кæндзысты уæрæхдæр 6 метры онг, цæмæй дзы дыууæрдæм цæуæн уа, уый тыххæй. Трассæ ныридæгæн у цæттæ. Гæналдоны ком бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд, æмæ ныхасы бар Гæджиты Сосланæн.

Кусынц бæлвырд пъланмæ гæсгæ. Ацы къæпхæны куыстытæ аразынц, куыд æмбæлы, афтæ. Ахсджиаг хъуыддаг у уый, æмæ куыстытæ фæуын хъæуы мæй æмæ рдæгмæ, цалынмæ цæугæдоны æмвæзад нæ фæуæлдæр уа, уæдмæ. Джызæлдоны сæрты хид аразынц ногæй, уымæн æмæ зæронд ахаста Хъолайы цъити 2002-æм азы сентябры. Уымæй дарддæр ма сараздзысты дыууæ ног хиды. Уыдоныл куыст цыди 2013-æм азы, фæлæ кæронмæ арæзт не рцыдысты.

Уал азы фæстæ ам фæзындзæн Хъæрмæдонмæ ног фæндаг дæр. Цæмæй та йæ ногæй дон ма ахæсса, уый тыххæй дзы ныртæккæ æвæрынц дондзæуæн хæтæлтæ. Æдæппæтæй уыдызсты 11 конструкцийы. Фæндаг йæхæдæг кæндзысты уæрæхдæр 6 метры онг, цæмæй дзы дыууæрдæм цæуæн уа, уый тыххæй. Трассæ ныридæгæн у цæттæ. Йæ алфамбылæй бæлæстæ акалдтой, æмæ йæ бырæттæй бафснайдтой.

Æнцойгæнæн къулы фидардзинад фæфылдæр кæныны тыххæй, цæугæдоны алыварс спайда кодтой сæрмагонд бетон. Конструкци доны бын фæкодтой 7 метры онг.

Фидардзинадыл ахады уæлæмхасæн æрмæг дæр. Куыстыты цыд фæтагъддæр кæныны тыххæй уыцы-иу рæстæг архайд цæуы æппæт объектты дæр, зæгъынц подрядон организацийы. Фæллойгæнджытæ æмæ техникæ дæр сты фаг. Дондзæуæн хæтæлтæй æмæ фидаргæнæн къулæй дарддæр, проектмæ гæсгæ ам хъуамæ баивой асфальт. 11 километры дæргъы ног фæндаг хъуамæ фæзына ацы азы кæрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania