Цæрджытæ скодтой иумæйаг æмбырд.
Хольцманы цæрджытæ разы не сты, æфсæддон городоккы æнæзакъон арæзтад кæй цæуы, уыимæ. Ссæдз азæй фылдæры размæ цы донуромæн сарæзтой, уымæн йæ иу хай пырх æрцыди.
Хольцманы цæрджытæ разы не сты, æфсæддон городоккы æнæзакъон арæзтад кæй цæуы, уыимæ. Ссæдз азæй фылдæры размæ цы донуромæн сарæзтой, уымæн йæ иу хай пырх æрцыди.
Цæрджытæ скодтой иумæйаг æмбырд. Рахастой уынаффæ администрацимæ фыстæг ныффыссын, цæмæй уавæрмæ æркæсой. Администраци нæ уадзы Хольцманмæ арæзтадон техникæ кæнын. Хъуыддаг закъонмæ гæсгæ у æви нæ, уый сбæрæг кæныны тыххæй бабæрæг кодтой Регистрацион палатæ.
Администрацийы зæгъынц, цалынмæ арæзтадæн æмбæлгæ гæххæттытæ уа, æмæ йæ закъонмæ гæсгæ скæной, уæдмæ куыстытæ дарддæр кæнын нæ бауаддзысты. «ДорЖилСтрой»-йы куыд зæгъынц, афтæмæй та арæзтад у закъонмæ гæсгæ. Фæзуат самал кодтой закъоныл. Æмбарын кæнынц, территории уал ссыгъдæг кæнынмæ кæй хъавыдысты, æмæ куыстытæм уый тыххæй кæй не внæлдтой, уый. Фæзуатæй дарддæр куыд пайда кæндзысты, ый нæма сбæрæг кодтой. Фæла уал компани нысан кæны территори быруйæ æрæхгæнын. Æфсæддон городоккы цæрджытæн зæгъынц, цæмæй сæ бырутæ айсой, уымæн æмæ ныр ис хицæн адæймаджы къухты. Проектон институты сæйраг инженер-конструктор æмæ техникон директор Магкæты Хъауырбег йæхæдæг архайдта ацы обект аразыны 91-æм азы. немыцаг инженертимæ бакуыстой донмарæны проектыл.
Бетонæй конд конструкци у километрæй фылдæр. Алы уалдзæг дæр донæй байдзаг вæййы. 23 азы æнæ къуылымпыйæ кæны йæ куыст. Городоккы цæры фондз мин адæймагмæ хæстæг, æмæ сæ хъахъхъæны донивылдтытæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй донуромæн куы ныппырх кæной, уæд йæ фæстæ хорз фæстиуджытæ нæ расайдзæн.
Касаты Наирæ