Коллектив кусы горæты Ирыстойнаг районы социалон æххуыссы комплексон центры
«Зарæггæнаг зæрдæтæ». 60 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм зарæггæнджытæй арæзт хор, ныр 6 азы дæргъы æхсызгондзинад хæссы Дзæуджыхъæуы цæрджытæн. Хистæр кары адæмæй иутæн у уарзон дæсныйад, иннæтæн та – сæ царды нысан. Коллектив кусы горæты Ирыстойнаг районы социалон æххуыссы комплексон центры. Хор арæзт æрцыд, федералон проект «Хистæр фæлтæр» царды уадзгæйæ.
Музыкæ сæ бабаста 6 азы размæ. Уæдæй нырмæ йыл «Поющие сердца» æрмæст сæ зæрдæтæ нæ сивтой, фæлæ баиу сты иу къорды æмæ йын сæхæдæг æвзарынц йæ репертуар дæр. Иутæн хоры архайд уарзон дæсныйад, иннæтæн та сси сæ царды нысан. Бдтаты Евгений хоры зары 3 азы. Къорды уæнгтæй æрмæст уымæ ис музыкалон ахуырад. Евгенийы ныхæстæм гæсгæ, фæллад уадзыны рæстæг адæймагæн зын ссарын у зæрдæмæдзæугæ хъуыддаг. Хоры уæнгтæ иууылдæр æнувыд сты кæрæдзиуыл, се *хсæн ис хорз ахастытæ. Ахæм уарзон цæстæнгасæн хистæр кары адæм уæлдай аргъ кæнынц.
Иу хатт зарæг зæрдæйæ равзæрста æмæ йыл нырмæ дæр у æнувыд. Аивадон разамонæг Георгий Арутюнянц куыд зæгъы, уымæ гæсгæ ахæм хоры сæргъы лæууын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Йæ уæнгтæй рауад, зæрæг царды сæйраг нысан кæмæн у, ахæм стыр музыкалон бинонтæ.
Хор кусы Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы социалон æххуысы комплексон центры. Музыкалон коллектив, 60 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы адæмæн, арæзт æрцыд куыстуаты директор Дзоблаты Альбинæйы хъæппæрисæй. Кæд дзы æппæты разæй 3 зарæггæнæджы йæддæмæ нæ уыд, уæд ныр йæ уæнгтæ сты 15 адæймаджы.
Ансамблы фидæнмæ нысан у æнтыстджын куыст, фæлæ хоры нæ фаг кæнынц нæлгоймаджы хъæлæстæ. Къорды уæнгтæ зæрдиагæй кæнынц сæ куыст æмæ уымæй, сæхи ныхæстæм гæсгæ, даргъдæр кæны сæ цард. Музыкалон коллектив арæзт æрцыд федералон проект «Хистæр фæлтæр» æххæстгæнгæйæ.
, ныр 6 азы дæргъы æхсызгондзинад хæссы Дзæуджыхъæуы цæрджытæн. Хистæр кары адæмæй иутæн у уарзон дæсныйад, иннæтæн та – сæ царды нысан. Коллектив кусы горæты Ирыстойнаг районы социалон æххуыссы комплексон центры. Хор арæзт æрцыд, федералон проект «Хистæр фæлтæр» царды уадзгæйæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.