филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
16 июня 2021, 14:25
Хозиты Барисыл сæххæст 65 азы

Йе сфæлдыстадон бынтæ æмæ йæ цардвæндаг æрыгон фæлтæрæн сты фæзминаг

Хозиты Барисыл сæххæст 65 азы. Журналист, ахуыргонд, педагог, фыссæг…Йе сфæлдыстадон бынтæ æмæ йæ цардвæндаг æрыгон фæлтæрæн сты фæзминаг. 33 азы балæвар кодта ЦИПУ-йы куыстæн. Уыдис ын алыхуызон куыстытæ: ахуыргæнæг, кафедрæйы сæргълæууæг, декан. Йæ рæстæджы разамынд лæвæрдта аивæдты æмæ ирон филологийы факультеттæн. Барис абон дæр йæ зонындзинæдтæ рæдауæй лæвар кæны йæ студенттæн. У 330 наукон-популярон куысты автор. Фæстаг дыууæ азы æмæ *рдæг Хозиты Барис разамынд дæтты мадæлон æвзагыл республикæйы сæйраг газет «Рæстдзинад»-æн. Уым дæр журналистты ног фæлтæры раст хъомыладæн дæтты бирæ тыхтæ æмæ рæстæг. Барисæн саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном. Уымæй уæлдай йын радтой Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæджы ном. У журналистты æмæ фысджыты Цæдисты уæнг, хорзæхгонд æрцыди «Ирыстоны намысы» майданæй. Йе мкусджытæн та кæдфæндыдæр уыди æмæ у æцæг профессионал, курдиатджын æмæ зæрдæхæлар адæймаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania