филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:47 пятница, 17 мая 2024
25 февраля 2022, 12:46
Ӕхсæнадон территоритæм базилыны фарстаты фæдыл æмбырд

15-æм апрелæй 30 майы онг иумæйаг федералон платформæйы цæудзæни онлайн – хъæлæс кæныны процедурæ

Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Бокоты Эльбрусы разамындæй ацыди, фыццаджыдæр цы æхсæнадон территоритæм базилын хъæуы, уыдоны хыгъд сбæрæг кæныны тыххæй хъæлæс кæныны фарстаты фæдыл æмбырд. 15-æм апрелæй 30 майы онг, куыд æппæт бæстæйы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр иумæйаг федералон платформæйы цæудзæни онлайн – хъæлæс кæныны процедурæ. Цæрджытæ æвзардзысты, фæдералон проект «Горæты æнцонвадат царды» фæлгæты 2023-æм азы цы æхсæнадон территоритæм базилдзысты, уыдон. Проекты фæрцы, фарон Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты саив кодтой 42 æхсæнадон фæзы – уыдон парктæ, сквертæ æмæ доны былгæрæттæ. Ацы аз адæм хъуамæ равзарой 41 æхсæнадон территорийы. Хъæлæс кæныны мадзалы архайдзысты, 14 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы цæрджытæ. Хæстæгдæр бонты горæты æмæ районты арæзт æрцæудзысты сæрмагонд кусæг къордтæ, æмæ абонмæ сбæрæг кæндзысты тынгдæр базилинаг чи сты, уыцы территоритæ. Хъæлæс кæныны процедурæ муниципалон скондты æмбæлгæ уагыл бацæттæ кæныны тыххæй, кусдзысты волонтерты штабтæ дæр. Бокоты Эльбрус ма радта, проекты тыххæй информацион кампани æмбæлгæ æмвæзадыл скæныны хæс дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania