Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты 1-аг чемпионат арæзт æрцыд Ростовы, Хуссар Æфсæддон зылды зынгсирвæзтыты гарнизоны командæйы спортивон базæйы.
Хуссар æфсæддон зылды иугонд командæ фыццаг бынат бацахста зынгсирвæзтыты эстафетæйы, стæй дыккаг бынат та æртæвæрсыг асинтæ æвæрынæй ерысы.
Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты 1-аг чемпионат арæзт æрцыд Ростовы, Хуссар Æфсæддон зылды зынгсирвæзтыты гарнизоны командæйы спортивон базæйы. Архайынц дзы 12 командæйы. Сты Хуссар, Ныгуылæн, Центрон, Скæсæйнаг зылдты æмæ Цæгатаг флоты минæвæрттæ. Зынгсирвæзтыты эстафетæ у æппæтæй цымыдисагдæр. Командæты уæнгтæ йæ ацæуынц 4 къæпхæнæй. Алкæцыйы фæйнæ 100 метры. Хъæуы сæ быруйы сæрты ахизын, бæстыхайы сæрмæ схизын, стæй арт ахуыссын кæнынæн æмбæлгæ конструкцитæ сæвæрын. Æппæтæй зындæр хæслæвæрд у – фæтæген, бензин æмæ донæй арæзт чи у, уыцы артаг ахуыссын кæнын.
