филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:34 понедельник, 15 декабря 2025
17 сентября 2019, 13:03
Хуссар Ирыстойнаг машинæтæн Уæрæсемæ бацæуыны тыххæй хъæуы фиддон бахæссын

Йæ бæрц чысыл нæу, фæлæ сæ фæстæмæйы фæндагыл ис райсæн. Ахæм уагæвæрд æххæст кæнын хъæуы таможняйы уагæвæрдмæ гæсгæ.

Хуссар Ирыстойнаг машинæтæн Уæрæсемæ бацæуыны тыххæй хъæуы фиддон бахæссын. Йæ бæрц чысыл нæу, фæлæ сæ фæстæмæйы фæндагыл ис райсæн. Ахæм уагæвæрд æххæст кæнын хъæуы таможняйы уагæвæрдмæ гæсгæ. Ныры онг хуссайраг машинæтыл дыууæрдæм дæр ацæуæн уыд æнæкъуылымпытæй. Уæдæ цы тыхсын кæны шофырты æмæ цæуыннæ сты разы уагæвæрдимæ, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Рæмонты Тамарæ цæры дыууæ Ирыстоны. Цæгатæй Хуссар Ирыстонмæ цæуы арæх. Машинæ рагæй тæры, фæлæ йæ балхæдта Хусар Ирыстоны. Уæрæсемæ йæ транспортон хуыз батæрыны тыххæй уагæвæрд кæй аивта, уый тыххæй базыдта ацы бонты.

Уæллаг Зæрæмæджы арæнтыл арæх фæцæуы Бæзаты Батрадз дæр. Зæгъы, раздæр ницы къуылымпыдзинад уыд. Ивгъуыд майрæмбон ацыд Хусар Ирыстонмæ, фæлæ фæстæмæ йæ машинæйыл йæ бон нал сси рацæуын. Уымæ гæсгæ йæ ныууагъта дыууæ республикæты æхсæн

Таможнийы чи нæ ацыд, уыцы машинæты хицæуттæн зындзинæдтæ фæзынд 12 сентябры. Уæд фыццаг хатт транспорт нæ бауагътой Уæрæсемæ. Шофыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын аххосаг бæлвырд ничи бамбарын кодта. Уыд алы хуызон хъуыдытæ.Уымæ гæсгæ адæм æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны таможнийы цурмæ. Æмбарын кæныны ныхасы фæдыл сæм рацыд ведомствæйы хицауы хæдивæг Кебеккаты Марат

Адæм разы не сты таможнийы куысджытæ сын Евразиаг таможняйы Цæдисы кодексмæ кæй бацамыдтой. Уый хыгъд машинæты шофыртæ зæрдыл æрлæууын кодтой 2015-æ азы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæ цы бадзырд бафыстой, уый. Сæ иу у арæнты сæрты дыууæ республикæйы цæрджытæ æнæ къуылымпыйæ куыд цæуой. Таможнийы службæйы хицауадмæ барвыстой хъæппæрисджын къорд 8 адæймагæй. Се хсæн Къæбулты Вадим дæр

Цы уавæр сывзæрд, уымæн бæрнон адæм цы уынаффæ рахæсдзысты, уый хъуамæ сбæрæг уа абон. Фæлæ бæлвыр у иу. Ахæм фæтк сывæзрд таможнийы куысджытæ кæй сфæнд кодтой рæстæгмæ цы машинæтæ цæуынц Уæрæсемæ, уыдонмæ цæстдар фæтынгдæр кæныны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania