Куыд фæзæгъынц – тæдзынæгæй цыхцырæгмæ. 23 азы размæ Гуырдзыйы хæсты цæхæрæй чи фæрвæзт, уыдон ныр Камбилеевкæйы сты коммуналон амынæты: æнæ дон, æнæ рухс, æнæ хъармæй.
50 бинонтæ бирæ азты цæрынц рæстæгмæйы цæрæн бынæтты. Æнхъæлмæ кæсынц цæрæнуæтты сертификаттæм, фæлæ сæ иу хъуыдыгæнæг дæр нæй.
Сугтæ æрбахæссын æмæ пец ссудзын. Гæбæраты Лизæйæн алы райсом дæр райдайы афтæмæй ныр 23 азы. Ацы поселек официалон гæххæттытæм гæсгæ нымад у, æрлидзæг адæм кæм хъуамæ цæрой, ахæм бынатыл. Фæлæ дзы цæрыны фадæттæ нæй, стæй никуы уыди.
Комбилеевскийы кæрон, раздæры æфсæддон горæты территорийыл Гуырдзыстонæй æрлидзæг адæм цæрынц ныр 20 азæй фылдæр. Æрцардысты дзы 92 – æм азы, Хуссар Ирыстоны хæст куы райдыдта, уæд.
Нырткæккæ дзы ис 60 бинонтæ. Хæдзæртты нæй дон, электрон тых дæр вæййы къуылымпытимæ. Сæ уæттæ хъарм кæнынц сугтæй.
Тулойты сты 13 бинойнаджы. Цæрынц 2 уаты. Сæ цæлгæнæн ис кæрты, уым сывæллæттæ фæкæнынц сæ уроктæ дæр. Сæ уавæртæ фæхуыздæр уæвынмæ æнхъæлмæ кæныц ссæдз азы, фæлæ уыцы рæстæгмæ хъуыддаг йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кæны.
Архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Уæрæсейы субъекттæй æппæтæй фылдæр æрлидзæг адæм ис Цæгат Ирыстоны. 2006-æм азæй кусы æххуысхъуаг адæмæн цæрæнуæттæ дæттыны программæ. Æрæджыдæр ма, йæ æххæст кодтой къуылымпытимæ. Цыппар азмæ хæдзæрттæ райсыны тыххæй радтой æрмæстдæр 15 сертификаты. Ныр уавæр аивта.
Федералон миграцион службæйы управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй ацы поселочы цæрджытæй хæдзармæ рады лæууы 23 бинонтæ. 10 бинонтæн дзы радтой фатертæ Дзæуджыхъæуы, Михайловскæйы, «Спутничы». Фæлæ сæ рæстæгмæйы хæдзæрттæ ныууадзын ацы адæм нæ тагъд кæнынц.
Поселочы цæры, æрлидзæг адæмыл нымад чи не сты ахæмтæ дæр. Сертификат райсын сын закъонмæ гæсгæ не мбæлы. Миграцион службæйы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй семæ куыст цæуы.
23 азы цы фарста тыхсын кæны адæмы, уымæ хъæуы лæмбынæгæй æркæсын. Ацы адæмæн куыд баххуыс кæнæн ис, уыцы фарстайыл ныхас цыди республикæйы парламенты æмбæрдтæй иуы. Депутаттæ бахастой фæндон æрлидзæг адæмы фонд. Уый дæр рæстæгмæйы цæрæнбынæттæ. Фæлæ дзы уыдзæн электрон тых, дон æмæ хъарм. Иу ныхасæй æмбæлгæ цæрыны уавæртæ. Нырма уал арæзт æрцæудзæн куыстуæтты хсæн къамис. Йæ уæнгтæ хъуамæ æркæсой, æмæ ссарой æрлидзæг адæмæн баххуыс кæнынæн фадæттæ.
Касаты Наира
