филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:37 воскресенье, 01 февраля 2026
26 августа 2019, 12:50
Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны йæ хæдбардзинады бон

26-æм август 11 азы размæ хаст æрцыд бæрæгбæтты къалиндармæ

Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны йæ хæдбардзинады бон. 26-æм август 11 азы размæ хаст æрцыд бæрæгбæтты къалиндармæ. Уæд Уæрæсе Хуссар Ирыстон банымадта хæдбар паддзахадыл, æмæ ныр у сæйраг паддзахадон бæрæгбæттæй иу. Бæрæгбоны мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ, абон Цхинвалы уыдзæн республикæйы æхсæнадон минæвæртты кадджын æмбырд стæй этнографион бæрæгбон «Нæ рагфыдæлты хæзнатæ». Изæры та арæзт æрцæудзæн стыр концерт «Песни, рожденные Свободой». Уыдзæн бынæттон стадионы æмæ фæуыдзæн стыр фейерверкæй. Хæдбардзинады бон абон бæрæг кæнынц Абхазы дæр. Республикæйы йæ банымадтой бæрæгбоны æнæкусгæ боныл. 26-æм августы 2008-æм азы Мæскуы банымадта Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уыцы уынаффæ хаст æрцыд, Хуссар Ирыстоны хæстон цаутæй дыууæ къуырийы куы рацыд, уæд. Нæ бæстæйы разамынд иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодта, Гуырдзыйы раздæры дыууæ автономийы хæдбардзинад у æххæст хъуыддаг, æмæ йæ ивын нал хъæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania