филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 суббота, 28 сентября 2024
16 сентября 2020, 12:27
Хуссар Ирыстон байгом кодта Уæрæсейы Федерацийымæ арæн

Уый баст у, 31 августæй республикæйы хицауады бардзырд йæ тыхы кæй бацыд, уыйимæ

Хуссар Ирыстон байгом кодта Уæрæсейы Федерацийымæ арæн. Уый баст у,  31 августæй республикæйы хицауады бардзырд йæ тыхы кæй бацыд, уыйимæ. Документы куыд фыст ис, афтæмæй 14 сентябры  23 сахаты æмæ 59 минутыл паддзахадон арæн кусдзæн раздæры фæткмæ гæсгæ. Хуссар Ирыстоны фæлхасадмæ цæстдарды управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, абонæй фæстæмæ фæкарздæр кæндзысты санитарон мадзæлттæ стæй цæрджытæн сараздзысты низæй хи бахъахъхъæныны фæтк. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн арæн сæхгæдтой 13 апрелы сæрмагонд бардзырдмæ гæсгæ. Куыд фæстæдæр, афтæ иу уыцы æмгъуыд дарддæр ахастой. Республикæмæ чи здæхтис, уыцы адæм хъуамæ æнæмæнгæй ацыдаиккой дыууæ къуырийы карантин. Æдæппæтæй та эпидемийы райдианæй Хуссар Ирыстоны коронавирусæй фæрынчын сты нæуæдз адæймаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania