филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:20 пятница, 05 июля 2024
26 августа 2014, 12:43
Хуссар Ирыстон йæхи цæттæ кæны йæ хæдбардзинады бон сбæрæг кæнынмæ

6 азы размæ августы мæй фæзынди 2 ног паддзахады – Хуссар Ирыстон æмæ Абхази. Хæдбар паддзахадтыл сæ банымадта Уæрæсе. Гуырдзыстоны агрессорты ныхмæ фæлæууынæн дæр сын

73896
6 азы размæ августы мæй фæзынди 2 ног паддзахады – Хуссар Ирыстон æмæ Абхази. Хæдбар паддзахадтыл сæ банымадта Уæрæсе. Гуырдзыстоны агрессорты ныхмæ фæлæууынæн дæр сын Уæрæсе баххуыс кодта.

Уый тыххæй дзы 24-æм августæй абоны онг сты фæлладуадзæн бонтæ.

Хуссар Ирыстонмæ уазджытæ æрцæудзысты уазджытæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ Цæгат Кавказы республикæтæй.

Кад дзы кæмæн кæндзысты, уыдоны `хсæн фыццагдæр сты, 1990-æм æмæ 2008-æм азты хæстыты чи фæсахъат, уыцы хъæбатыртæ.

Уазджытæ бабæрæг кæндзысты Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты цы уæлмæрд ис, уый. Дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдзысты сабырдзинад тауæг тыхты батальоны хæлд бæстыхайы цур.

Хъыгдардбаййафджыты æмæ инвалидты хъахъхъæныны республикон Фондæн ацы аз йæ къухы бафтыд, цæмæй æфсæддон-интернационалистты Мæскуыйы Лихачевы номыл медицинон центры сдзæбæх кæной.

Реабилитацимæ ацæудзæн 2 адæймаджы. Уыдонæн се `нæниздзинад фæцудыдта хæсты фыццаг кампанийы рæстæг, фæлæ Фыдыбæстæ бахъæхъхъæнынмæ рацыдысты 2008-æм азы дæр.

Абон ма республикæйы цæуынц алыхуызон бæрæгбоны мадæлттæ, концерттæ, фæсивæдон æмæ спортивон акцитæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania