филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:17 суббота, 28 сентября 2024
20 мая 2020, 16:06
Хуссар Ирыстоны абон мысынц Зары трагедийы амæттæгты

Æруагътой дзы паддзахадон тырысатæ

Хуссар Ирыстоны абон мысынц Зары трагедийы амæттæгты. Æруагътой дзы паддзахадон тырысатæ. Зармæ фæндагыл, æнаххос адæмы цы ран амардтой, уым цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Уыдис дзы саударæн митинг. 20-æм майы, 1992-æм азы ам цы трагеди æрцыди, уый ирон адæмы историйы баззад, чи нæ байгас, ахæм хъæдгомæй.

Ацы цау нымад æрцыди нырыккон бæстæйы æппæты карздæр æмæ æгъатырдæр цауыл. Йæ аматтаг баисты 36 адæймаджы. 12 дзы фесты цæфтæ. Чи фæмарди, уыдонæй æппæты кæстæрыл цыди 11 азы, æппæты хистæрыл 76. Уæдæй нырмæ, 20-æм май Хуссар Ирыстонæн у мысæн æмæ хъыггæнæн бон. Трагедийы бынаты 2007 азы байгом кодтой мемориалон комплекс. Скульптурæйы къæйдурыл сызгъæрин хуызæй фыст сты, мæлæты фæндагыл чи ацыди, уыдоны нæмттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania