Республикæйы минæварады территорийы æруагътой Хуссар Ирыстоны тырыса.
Хуссар Ирыстоны æфсæддон быцæуы амæттæгты рухс нæмттæ æрымысыдысты Мæскуыйы дæр.
Республикæйы минæварады территорийы æруагътой Хуссар Ирыстоны тырыса. Номарæн акцийы архайджытæ, минут æдзæмæй алæугæйæ, ссыгътой цырæгътæ. Æрбацæуæг адæмы хсæн – Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æххæстбарджын минæвæрттæ Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ Игорь Ахба, Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Тотоонты Алыксандр, нæ республикæйы æххæстбарджын минæвары фыццаг хæдивæг Уæрæсейы президенты цур Вадим Кормилкин, Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнгтæ, стæй зæрдæхæлар адæм. Саударæн мадзæлттæ цæуынц æнæхъæн бон. 11 сахатыл Чырыстийы номыл аргъуаны уыд номарæн аргъуыд, 14 сахаты та МадыМайрæмы номыл аргъуаны.




