филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 воскресенье, 12 мая 2024
12 апреля 2022, 12:13
Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыдысты президенты æвзæрстытæ

Центрон æвзарæн къамис куыд фехъусын кодта, афтæмæй президенты æвзæрстытæн уыдзæн дыккаг тур

Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыдысты президенты æвзæрстытæ. Центрон æвзарæн къамис куыд фехъусын кодта, афтæмæй президенты æвзæрстытæн уыдзæн дыккаг тур. Уæд хъæлæс кæныны  бюллетеньтæм хаст æрцæудзæн дыууæ кандидаты – Гаглойты Алан  æмæ  Бибилты Анатолий. Уыдон æрæмбырд кодтой  36,9  æмæ 33,5 % хъæлæсы. Уæвгæ та  æвзарджыты хъуыд равзарын фондз кандидатæй иу.  Паддзахады абоны разамонæг Бибылты Анатолий, парламенты депутаттæ Плиты Александр æмæ Мулдарты Гарри, парламентон парти  «Ныхас»-ы раздзог Гаглойты  Алан  æмæ  экс-депутат Тасойты Дмитрий. Бюллетеньмæ ма хаст æрцыд рæнхъ – се ппæты ныхмæ. Центрон æвзарæн къамисы секретарь Аулохты Кристинæйы ныхæстæм гæсгæ 5 мин бюллетенæй фылдæр æрвыст æрцыд Хуссар Ирыстонæй æндæр рæттæн. Дзæуджыхъæумæ æрвыст æрцыд 4400 бюллетены – куыста дзы дыууæ участочы. Мæскуымæ – 800,  100 та Сухуммæ.  Æдæппæтæй та мыхуыргонд

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania