Уый уыд Уæрæсейы наукæты академийы æмæ РусГибройы проект. Экспедицийы архайджытæ фæнд кодтой, 2018-æм азы декабры чи фесæфт, уыцы раззагазиаг леопард Эльбрусы ссарын.
Хуссар Ирыстоны хæхты кæронмæ æрхæццæ æртыккаг агурæн экспедици.
Уый уыд Уæрæсейы наукæты академийы æмæ РусГибройы проект. Экспедицийы архайджытæ фæнд кодтой, 2018-æм азы декабры чи фесæфт, уыцы раззагазиаг леопард Эльбрусы ссарын. Агурæн куыст цыди къуырийы дæргъы, фæлæ цæрæгойы ссарын нæ бантыст. Ахуыргæндтæ-зоологтæ рахастой уынаффæ, экспедицион къæпхæн фæуыны тыххæй. Уæвгæ та йæм цæттæ кодтой, куыд æмбæлы, афтæ. Уæрæсейы наукæты академи æмæ РусГидро бацархайдта экспедицион къорд нырыккон кусæнгæрзтæй æмæ техникæйæ сифтонг кæныныл. Ахуыргæндтæ сæ зæрдæ дардтой, сæрды кæрон Къуыдаргомы æфцæгыл мит кæй фæкъаддæр уыдиад, æмæ леопарды фæдтæ кæд рабæрæг уыдаиккой, фæлæ къуыримæ сæ къухы ницы бафтыд, æмæ агурæн куыстытæ æрлæууын кодтой. Дарддæр сæ араздзысты нырыккон къамисæн аппаратурæйы фæрцы. Ныр та уал ахуыргæндтæ-зоологтæ Эльбрусы нымайдзысты æбæрæгæй сæфтыл. Иуты хъуыдымæ гæсгæ, чи зоны æмæ бахаудаид зæйы бын. Иннæтæм гæсгæ леопард йæ хъуырæй раппæрста сæрмагонд аппарат, афтæмæй бастдзинад фехæлди. Мониторинджы къорд кусдзæн дарддæр. Йæ цæст дардзæн иннæ леопард Волнамæ, стæй 2020-æм азы хъæддаг æрдзмæ рауадзынмæ кæй хъавынц, уыцы лæппынтæм.




