04 сентября 2019, 13:14
Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы азы фæлгæты сарадзысты хæдахуыр театралон къордты æртыккаг фестиваль «Æнæхъæн дуне театр»
Мадзалы архайдзысты хæдахуыр къордтæ Цхинвалæй æмæ Хуссар Ирыстоны хъæутæй
Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы азы фæлгæты сарадзысты хæдахуыр театралон къордты æртыккаг фестиваль «Æнæхъæн дуне театр» – хъусын кæны агентад Рес. Мадзалы архайдзысты хæдахуыр къордтæ Цхинвалæй æмæ Хуссар Ирыстоны хъæутæй. Æппæт архайджыты дæр схорзæхджын кæндзысты кады гæххæттытæй æмæ лæвæрттæй. Куыд зонут, афтæмæй 2019-æм аз Хуссар Ирыстоны, Бибылты Анатолийы указмæ гæсгæ, рахуыдтой Хетæгкаты Къостайы аз.

темæмæ гæсгæ