филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:30 воскресенье, 06 октября 2024
24 ноября 2014, 11:48
Хуссар Ирыстоны консулон агентад байгом Дзæуджыхъæуы

Дарддæр æххæст кæндзæн, ныры онг цы хуссарирыстойнаг минæварад архайдта, уый хæстæ. Ног структурæйы разамонæг Санахъоты Морис радзырдта, агентад кæй хъахъхъæндзæн, Хуссар Ирыстоны адæмæй Цæгат Кавказы федералон зылды чи цæры, уыдоны бартæ. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны разамынды, министрадты æмæ ведомствæты минæвæрттæ.

74992
Хуссар Ирыстоны консулон агентад байгом Дзæуджыхъæуы. Дарддæр æххæст кæндзæн, ныры онг цы хуссарирыстойнаг минæварад архайдта, уый хæстæ. Ног структурæйы разамонæг Санахъоты Морис радзырдта, агентад кæй хъахъхъæндзæн, Хуссар Ирыстоны адæмæй Цæгат Кавказы федералон зылды чи цæры, уыдоны бартæ. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны разамынды, министрадты æмæ ведомствæты минæвæрттæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ацы агентады фæрцы æрыгон паддзахады æмæ Уæрæсейы Хуссар хайы ‘хсæн дипломатон ахастдзинæдтæ фенгомдæр уыдзысты.

Санахъоты Морис, Хуссар Ирыстоны консулон агент Цæгат Кавказы федералон зылды: «Нæ консулон агентады куысты сæйраг хæс у, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмæй Уæрæсейы, Цæгат Ирыстоны зæххыл чи цæры, уыдонæн æххуыс кæнæм сæ гæххæттытимæ. Алы фарстайы фæдыл дæр сæ бон у æрбацæуын, æмæ цы нæ бон у, уымæй сæм фæкæсдзыстæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania