05 сентября 2023, 11:58
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бæстыхаймæ бацæуæны раз æвæрд æрцыд поэт, рухстауæг, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст
Бакуыста йыл Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Дзукъаты Николай
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бæстыхаймæ бацæуæны раз æвæрд æрцыд поэт, рухстауæг, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст. Бакуыста йыл Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Дзукъаты Николай. Уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Тедеты Вадимы курдиатмæ гæсгæ, скульптурæ университетæн балæвар кодта амалхъом адæймаг Гаглойты Леонид. Уый тыххæй фехъусын кодта паддзахадон информацион агентад «Рес».
темæмæ гæсгæ




