филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:42 понедельник, 20 мая 2024
25 апреля 2014, 11:15
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты студенттæ уазæгуаты æрбацыдысты Дзæуджыхъæумæ

Сæмбæлдысты сыл æхсæнадон змæлд «Нæ Ирыстон»- ы сæрдар Лæгкуты Вячеслав æмæ национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады минæвæрттæ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты студенттæ уазæгуаты æрбацыдысты Дзæуджыхъæумæ
Сæмбæлдысты сыл æхсæнадон змæлд «Нæ Ирыстон»- ы сæрдар Лæгкуты Вячеслав æмæ национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады минæвæрттæ.

Америкæйы иугонд штатты æмæ НАТО-йы фыдракæндты тыххæй Андриаты Аннæйæн йæ бон бирæ радзурын у. 2008-æм азы цаутæ хорз хъуыды кæны Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты студенткæ. Æппæтæй цымыдисагдæр уыд Хуссар Ирыстоны ныхмæ агрессиимæ баст стенд.

Андриаты Аннæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты студенткæ: «Мæ хъуыдымæ гæсгæ хорз у, ацы музей кæй байгом кодтой, уый. Адæмæн сæ фылдæрæн сæ цæстытæн æхгæд сты НАТО-йы æмæ Америкæйы тыххæй. Афтæ хъуыды кæнынц, æмæ рæстдзинадыл тох кæнынц, фæлæ уый афтæ нæу».

Историон факультеты 22 студенты сæ ахуыргæнæг Тæбуты Неллиимæ бабæрæг кодтой Америкæйы иугонд штатты æмæ НАТО-йы фыдракæндтыл дзурæг музей. Хуссар Ирыстонæй уазджытæн экскурси сарæзта æхсæнадон змæлд «Нæ Ирыстон»-ы сæрдар Лæгкуты Вячеслав. Фембæлд йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлдай ахсджиаг у, равдыст фидæны историктæ кæй бабæрæг кодтой, уый. Уымæн æмæ сæ хæс у, иннæ фæлтæртæн абоны царды тыххæй рæстдзинад радзурын.

Лæгкуты Вячеслав, æхсæнадон змæлд «Нæ Ирыстон»-ы сæрдар: «Гуырдзыстоны паддзахад куы бацыдысты тох кæнынмæ Хуссар Ирыстонмæ, ууыл 6 азы рацыд. Ныр Америкæйы æмæ НАТО-йы æфсæдтæ Украинæмæ бахызтысты, æмæ Хуссар Ирыстоны цы митæ бакодтой, ам дæр уыцы митæ».

Делегацийы уæнгтæ куыд загътой, афтæмæй фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр ахæм экспозици байгом кæнын. Уый тыххæй сæм фаг æрмæджытæ ис. Уыдонæй цалдæр балæвар кодтой Цæгат Ирыстоны музейæн.

Равдыстмæ хаст æрцыд 3 экспонаты. Хуссар Ирыстоны хæсты фæстæ цы дзаумæттæ ссардтой, уыдон – НАТО-йы æфсæддоны уæлæдарæс æмæ каскæ, стæй рæмудзæн. Уымæй 2008-æм азы Цхинвалы фехæлд кæйдæр хæдзар.

Уазджытæ бабææрæг кодтой Аланийы рагзаманты музей дæр. Профессор Бзарты Руслан сын радзырдта рагфыдæлты культурæ æмæ царды тыххæй.

Тъехты Дзерассæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты студенткæ: «Профессор Бзарты Руслан нын дзуры æппæт экспонатты тыххæй. Æмбарын кæны, кæцæй сты, кæм сæ ссардтой, кæцы дугмæ хауынц, уый. Мæ зæрдæмæ дзы тынг фæцыдис. Федтон, нырма скъолайы чингуыты цытæ кастæн, уыцы экспонаттæ. Æхсызгон мын у. Мах дæр фæнды ахæм экспозици байгом кæнын, фæлæ нæм нырма ахæмæй ницы ис».

Рæхджы Хуссар Ирыстонмæ араст уыдзысты студенттæ Дзæуджыхъæуæй. Фæхуыдтой сæ Цхинвалы бæстæзонæн музей бабæрæг кæнынмæ. Йæ арæзтад фæуыдзæн ацы аз.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania