филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 01 февраля 2026
07 августа 2019, 17:05
Хуссар Ирыстоны райдыдтой 2008-æм азы номарæн æмæ зæрдылдарæн мадзæлттæ

Ацы аз дæр мадзæлттæ райдайдзысты, 11 азы размæ Гуырдзыйы æфсæдтæ йæ тых цы сахат æрбаппæрста, уыцы минут.

Хуссар Ирыстоны райдыдтой 2008-æм азы номарæн æмæ зæрдылдарæн мадзæлттæ. Ацы аз дæр мадзæлттæ райдайдзысты, 11 азы размæ Гуырдзыйы æфсæдтæ йæ тых цы сахат æрбаппæрста, уыцы минут.

Сармадзанты хъæр райхъал кодта Цхинвалы цæрджыты сæ тар фынæйæ. Традицимæ гæсгæ мысæн мадзæлттæ райдайдзысты парламенты бæстыхайы асинты цур. Трагикон цауты фæстæ ацы ран Гергиты Валерийы разамындæй уыд Мариинаг театры оркестры концерт-реквием. Уый фæстæ райдайдзæн акци «Будем помнить все!» æмæ «Я обвиняю фашизм». Августы саударæн бонты рæстæг Хуссар Ирыстонмæ уазджыты нæ фæхоны. Ардæм æрбацæуынц, ирон адæмы цур зын сахат æрбалæууын кæй фæфæнды, уыцы адæм. Алы аз Цхинвалмæ æрбацæуынц, Хуссар Ирыстоны сæрвæлтау йæ цард чи радта, уыцы уæрæсейаг салдæтты æмæ сабырдзинад тауæг тыхты мадæлтæ æмæ хиуæттæ. Райсом 8-æм августы ам Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты цыртдзæвæны цур сæвæрдзысты дидинджытæ. Хуссар Ирыстоны номарæн мадзæлттæ арæзт кæй цæудзысты, уымæ гæсгæ, рæстæгмæ сæхгæдтой Гуыдзыимæ паддзахадон арæн. Сæ куыст райдайдзысты 9 августы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania