21 сентября 2023, 12:23
Хуссар Ирыстоны сбæрæг кодтой республикæйы равзæрды æртын æртæ азы
Уый кадæн Цхинвалы, театралон фæзы ацыдысты ирхæфсæн мадзæлттæ, ацыдис кадджын парад, æгас республикæйы та уыд фæлладуадзæн бон
Хуссар Ирыстоны сбæрæг кодтой республикæйы равзæрды æртын æртæ азы. Уый кадæн Цхинвалы, театралон фæзы ацыдысты ирхæфсæн мадзæлттæ, ацыдис кадджын парад, æгас республикæйы та уыд фæлладуадзæн бон. Адæм Республикæйы хæдбардзинадмæ цæугæйæ бирæ зындзинæдтыл сæмбæлдысты, уымæ гæсгæ сын ацы бон у стыр бæрæгбон. Цхинвалмæ ацыд нæ республикæйы делегаци дæр, сæ сæргъы парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз афтæмæй. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ ацы бон арфæйы ныхæстæ райстой Президент Гаглойты Аланæй.
темæмæ гæсгæ




