Ныр республикæйы адæмæн сæ бон у æдасæй цæрын. Уæндонæй кæсынц размæ æмæ ногæй аразынц сæ цард. Фæлæ уæд, 2008 азы уавæр бынтон æндæрхуызон уыд.
8-æм августы æхсæвы Гуырдзыйы æфсæддон тыхтæ æрбабырстой æмæ фехæлдтой адæмы цард. Хæцæнгæрзты алы хуызты гæрæхтæн зæхх дæр нæ фæрæзта. Адæм сæхи æмбæхсынмæ фесты.
Æрмæст Цхинвалы фехæлд 260 бирæуæладзыгон хæдзарæй фылдæр. 900 мин квадратон метры цæрынæн нал бæззынц. 673 хæдзары знаг зæххимæ сæмвæз кодта. 2600-йæ фылдæр ныккалдысты. Тынг хъыгдард баййæфтой ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, социалон æмæ æндæр объекттæ.
8-æм мæйы 8-æм бон 2008 азы иууылдæр æнхъæлмæ кастысты Пекины Олимпаг хъæзтыты байгом кæныны кадджын мадзалмæ. Фæлæ… Гуырдзыстоны хицауад дунейыл айхъуысын кодта, адæмы зæрдæтæ кæмæй срыстысты, ахæм æвирхъау хабар.
Ацы бонты Хуссар Ирыстоны мысынц, райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыцы хъæбатырты.
Цхинвалы арæзт æрцыдысты мысæн акцитæ.
Дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой, 2008-æм азы 8-æм августы сабырдзинадтауæг тыхты батальоны сыгъд бæстыхайы цур. Ацы æфсæддон тыхтæ знагæн радтой фыццаг ныхкъуырд.
Уый фæстæ адæм æрымысыдысты, ацы хæсты чи бацарæфтыд, уыцы хуымæтæг цæрджыты æмæ Цхинвалы хъахъхъæнджыты нæмттæ.




