филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:17 суббота, 28 сентября 2024
04 марта 2020, 13:15
Хъустæ алы низтæй бахъахъхъæныны бон Дзæуджыхъæуы клиникæтæй иуы арæзт æрцыд сæрмагонд акци

Нырыккон кусæнгарзы фæрцы дзы ам алкæйы бон уыд сæрмагонд дохтырты æркаст ацæуын

Хъустæ алы низтæй бахъахъхъæныны бон Дзæуджыхъæуы клиникæтæй иуы арæзт æрцыд сæрмагонд акци. Нырыккон кусæнгарзы фæрцы дзы ам алкæйы бон уыд сæрмагонд дохтырты æркаст ацæуын. Медицинон кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фылдæр адæм райдыдтой æвзæр хъусын, æмæ сæ уый тынг тыхсын кæны.  Моргуаты Ладæ радзурдзæн акцийы тыххæй.

Хъусты низтæ бæрæг кæнæн кусæнгарз ифтонг у уæлдай уынæр кæм нæй, ахæм ран. Дохтыртæ æмæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ сарæзтой сæрмагонд акци, бæрæг кæнынц адæмы хъустæ æмæ сæ низтæ.

Акцийы архайыны бар ис, 2 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыдонæн се ппæтæн дæр. Сурдологты хсæн ахсджиаг проект у – хъусты низтæ рагацау бæрæг кæнын æмæ сæ дзæбæх кæнын. Бæрæггæнæнтæ куыд амонынц, афтæмæй абон фылдæр адæмы хъæуы се ххуыс.

Нырыккон царды алыхуызон уынæр кæны тыхджындæр æмæ хъустæн хæссы зиан. Уæлдай тæссаг у æрыгон адæмæн, зæгъынц специалисттæ.

Куыд ис хъустæ бахъахъхъæнын, цы хуызы сæ хъæуы сыгъдæг кæнын, æмæ æндæр фарстатæн дзуапп ратдзысты дохтыртæ. Æмбарын кæнынц, хъустæ дæр адæймагæн ахсджиаг кæй сты, куыд зæрдæ афтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania