филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 суббота, 28 сентября 2024
15 января 2021, 11:37
Хуыбаты Барис Битарты Вячеславимæ радзырдта, мæгуырдзинадимæ тохæн цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уый тыххæй

Куыд фехъусын кодта, афтæмæй уымæн радих кодтой 151 милуан сомы

Фæллойы æмæ социалон райрæзты министр Хуыбаты Барис республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæг радзырдта, мæгуырдзинадимæ тохæн цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уый тыххæй. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй уымæн радих кодтой 151 милуан сомы. Фарон социалон контракт сфидар кодтой 1 мин 45 адæймагимæ. Архайд цæуы адæмæн куыст ссарыны фарстйыл дæр, кæнæ та сын æндæр дæсныйад радтыныл. Бизнесы архайын кæй фæнды, уымæн æххуыс кæнынц сæрмагонд куысты фæтк сбæрæг кæнынæй.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Цæгат Ирыстоны мæгуырдзинады ныхмæ фæлварæн проект арæзт æрцыд 2019-æм азы Рахизфарсы районы Раздзоджы. Парламентмæ ныстуаны репспубликæйы сæргълæууæг фæсидт, цæмæй ацы проекты арæнтæ фæуæрæхдæр уой. Йæ сæйраг нысан у, цæмæй æппынкъаддæр æфтиаг чи исы, уыдоны нымæц фæкъаддæр уа.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania