филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 пятница, 19 сентября 2025
05 июля 2025, 10:21
Хуымæллæгкаг æрмдæсны – Елуаты Владислав

Кæд бетон æмæ змис кæмæндæр хуымæтæг арæзтадон æрмæджытæ сты

Хуымæллæгкаг æрмдæсны – Елуаты Владислав. Кæд бетон æмæ змис кæмæндæр хуымæтæг арæзтадон æрмæджытæ сты. Уæд æрмдæсныйæн та уыдонæй архайгæйæ, йæ къухæй рацæуынц цымыдисаг экспонаттæ. Техникæ арт-бетоны тыххæй нæ республикæйы базыдтой Владиславы фæрцы. Стыр æргом аздæхта скульптурæмæ æмæ фактурон нывкæнынадмæ. Уыимæ – ахсджиаг бынат ахсы национ тематикæ. Æрмдæсныйы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Бетон æмæ змис кæмæндæр арæзтадон æрмæджытæ сты, Елуаты Владиславæн та – аивады фæрæз. Нæлгоймаг республикæйы æппæты раздæр базонгæ арт-бетонимæ кусын.  9 азы фæллой кодта хъæддзаума аразæг куыстуаты, ныр та бетонæй кæны нывтæ.

Æрмдæсны аразыныл архайы, сфæлдыстадон куыст кæны. Баиу кодта нывкæнынад, скульптурæ æмæ барельеф. Национ тематикæ зыны йæ алы куысты дæр – нарты кадджыты хъайтартæ, алантæ æмæ сæрмæттæ. Йæ куыстытæ – йæ хъæздыг миддуне æвдисæг.  Йæ кæрты фенæн ис аргъауæй хæдзар дæр, фембæлæн дзы ис фыранкыл дæр.

Владислав хорз зоны уазал дуры уд бауадзын. Йæ алы куыстæн дæр ис хицæн истори. Йæ цыппаркъахыг æмбалæн чысыл хæдзар саразын нымадта сæйрагдæр хæсыл.

Ахæм хæс алчи нæ сæххæст кæндзæн. Бетонæй аивад домы уæлдай арæхстдзинад, бæстон æвнæлд æмæ лæмбынæг ахаст.  Ахсджиаг у æрмдæсныйы сæрмагонд техникæ дæр. Нырыккон æрмæгимæ куыст хуымæтæг хъуыддаг нæу, у цымыдисаг архайд, адæймаг йæ курдиат парахатæй кæм равдиса, ахæм æгæрон тыгъдад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania