Сидахъаты Виталий йæ фыртимæ се рмадзы хъæдæрмæг æмæ фсæйнагæй канд нæ фыдæлты æрвылбоны царды фæрæзтæ нæ кæнынц, фæлæ ма архайынц национ традицитæ бахъахъхъæныныныл
Хуымæтæг бæласы хъæдæй аивгæнæн саразын. Беслæны цæрæг Сидахъаты Виталий йæ фыртимæ се рмадзы хъæдæрмæг æмæ фсæйнагæй канд нæ фыдæлты æрвылбоны царды фæрæзтæ нæ кæнынц, фæлæ ма архайынц национ традицитæ бахъахъхъæныныныл. Сæ куыстытæ сын аласынц суанг æндæр бæстæтæм дæр. Æрмдæсныимæ базонгæ нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ дæр, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.
Хъæдæрмæгæй чъирийы æвæрæн, сахат, лæдзæг, хистæры къæлæтджын бандон æмæ нæ фыдæлты æрвылбоны царды æндæр фæрæзтæ кæнын Сидахъаты Виталийæн у æхцондзинад. Диссаг у, фæлæ 7 азы размæ куыста заводы, хъæдæрмæгимæ архайын дæр нæ зыдта, ныридæгæн та йæ аивгæнæнтæ сты æндæр бæстæты цæрæг адæмтæм дæр. Йæ дæсныйад райдыдта хуымæтæг фæрæтæй.
Сидахъаты Виталий: «Хуыцау мын ратта ацы дæсныйад. Алы адæймагæн дæр Хуыцау ратты иу дæсныйад. Хъæуы йæ æрмæстдæр бамбарын».
Виталий куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыстыл рагагъоммæ нæ фæхъуыды кæны. Вæййы афтæ дæр, æмæ изæрыгон, иууылдæр фынæй куы фæкæнынц, уæд йæ цæстытыл ауайы цавæрдæр аивгæнæны хуыз. Кусы цæрæгойты бумбулитæй, стджытæй, хъæдæрмæгæй æмæ афтæ дарддæр. Сæйрагдæр – æгас бæласмæ не вналы. Мард бæласæн та ратты ног цард.
Сидахъаты Виталий: «Хъæдæрмæг йæхæдæг йæхи равдисы. Мæ фыд – иу афтæ загъта: «Цалынмæ куыст дæ цæстытыл нæ ауайа, уæдмæ йæм ма бавнал». Арæх ацæуын хохмæ. Æмæ дзы, зæгъæм, уидаг куы фенын, уæд йæхи равдисы. Æгас бæлас та у табу. Кæд бахус, кæнæ акалд, уæд та йæ адæмæн райгас кæн. Исты дзы скæн, цæмæй дарддæр цæра, уый тыххæй».
Уæдæ æрмдæсны уарзы кæнын, нæ фыдæлтæ цы кæрдтæй архайдтой, уыдон дæр. Уыимæ фсæйнаг хъуамæ уа зæронд. Виталий ын йе згæ ныххафы æмæ йын ратты ног цард. Уæвгæ, Сидахъаты бинонтæ кæддæриддæр уыдысты аивадмæ æмхиц.
Сидахъаты Виталий: «Мæ фыды фыды æз, хъыгагæн, не рыййæфтон, фæлæ куыд фехъуыстон, афтæмæй куыста дуримæ. Кодта цыртытæ. Цыдысты йæм алы рæттæй. Хо æмæ фсымæр Андиатæ чиныг рауагътой, æмæ йæ куыстытæ уым дæр сты. Ис, адæймагæн зын ссæуæн кæдæм у, ахæм бынæттæ. Æмæ уырдыгæй дон æрхæссы бирæ уидæгтæ æмæ дуртæ».
Виталийæн æххуыс кæны йæ фырт. Фæлæ æрмадзы сæ куыстытæй уæлдай ма ис йæ чызджы нывтæ дæр. Аивадимæ кусын æмæ адæмæн рæсугъддзиинад лæвар кæнын ис сæ туджы.




