филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:52 среда, 17 декабря 2025
08 мая 2018, 12:30
Хъуыстгонд Сæтти æмæ Бæтти ацы хатт фæбыцæу сты Ногиры культурæйы хæдзары

Хъæууккаг сценæйы фыццаг хатт Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ сæвæрдтой спектакль.

Хъуыстгонд Сæтти æмæ Бæтти ацы хатт фæбыцæу сты Ногиры культурæйы хæдзары. Хъæууккаг сценæйы фыццаг хатт Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ сæвæрдтой спектакль. Театрдзаутæн лирикон комеди равдысдта Ногиры адæмон театры труппæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ рæстæг артисттæ нæ куыстой, æмæ ныр ацы постановкæйы фæрцы сфæнд кодтой адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын. Сæйраг архайджытæ – дыууæ сыхаджы. Бон-изæрмæ сæхи ирхæфсынц, кæрæдзийæн æлхыскъ æмæ хъазæн ныхæстæ кæнгæйæ. Фæлæ уый нæхынцгæйæ, сæ кæрæдзийы сæртыл дæр афтæ хæцынц. Цымыдисаг постановкæйы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
Хуыгаты Георы æнæмæлгæ пъесæ «Сæтти æмæ Бæтти» хъазыны хуызы æвдисы дыууæ сыхаджы æнæкæрон уарзондзинад кæрæдзимæ. Æлхыскъ ныхас æмæ уыцы рæстæг кæрæдзимæ хъæрмуд ахастдзинæдтæ. Дыууæ сыхаджы быцæу, иуварсæй бакæсгæйæ, адæймагмæ худæг куыд нæ фæкæсдзæн.
Ахæм æлхыскъ, фæлæ хуыдæг æппарæнтæй Хуыгаты Георы пьесæ кæны рог æмæ зæрдæмæхъаргæ.
Сæйраг рольты чи хъазы, уыдон цæуыл дзурынц, уый зонынц. Сæтти æмæ Бæтти пьесæмæ гæсгæ сты сыхæгтæ. Фæлæ сæ сценикон сурæттæй дард лæууынц, зæгъæм Бæттийы сурæт сарæзта 20 аздзыд студент. Уæдæ сылгоймæгты сурæттæ дæр сарæзтой æрыгон чызджытæ. Фæлгонцтæ сæххæст кодтой гриммы руаджы.
Актертæ та бирæ рæстæг бакустой сæ сурæттыл. Зæгъæм театры аивадон разамонæг, Бæттийы цардæмбал Сасинкъайы роль сарæзта Тыбылты Людмилæ æмæ куыд зæгъы, афтæмæй дзы йæхи нæ зоны. Царды уæздан æмæ æфсармджын, спектаклы та къæйных æмæ лæгой арæзт. Æмæ лæууы, кæрæдзийы ныхмæ цы дыууæ сыхаджы сты, уыдоны астæу.
Дыууæ сыхагыл фыст комеди хъæздыг у ирон æвзаджы æвзаргæ ныхæстæй. Дзырдæппарæнтæй æвдыст цæуы, цæргæ бонты фæрсæй-фарсмæ цы дыууæ ацæргæ адæмы фæцардысты, уыдоны быцæу, фæлæ уыимæ кæрдзийы уарзынц æмæ аудынц. Бæтти у æнцардæмбал, Сæтти та йæ сусæгæй архайы йæ бинонты цард саразыныл. Ракурын АбидАйы.
Сценæйы архайынц хæдахуыр артисттæ, се мрæнхъ актерон факультеты рауагъдон Кочиты Ацæмæз. Театр «Амонд» та адæмоны ном хæссы 24 азы. Йæ репертуары сты пьесæ «Фатимæ», «Фæззыгон дидинджытæ». Къорд арæзт у 6 адæймагæй. сæ режиссер Къæбысты Алинæ, йæ разамындæй æвæрд уыд æфсæддон драмæ. Ацы аз та труппæ сфæнд кодта Ногирæгты зæрдæ комедийæ бахъæлдзæг кæнын. Режиссеры хъуыдымæ гæсгæ адæмы цардмæ хæссын хъæуы Ирыстоны удварн фæхъæздыгдæр кæнынæн ахъаз чи у ахæм пъесæтæ.
Театрдзауты хъæлдзæгдзинад æмæ къухæмдзæгъд æвдисæн сты ацы ныхæстæн. Актерты æмæ режиссеры нысан та у фидæны дæр адæмы зæрдæ се сфæлдыстадæй рухс кæнын. Фæлæ сын уымæн нæ фаг кæны курдиатджын актертæ æмæ сæйраг дæр та фæрæзтæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania