филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:28 суббота, 28 сентября 2024
25 октября 2019, 15:21
Хуыцаубоны бæрæг кæндзыстæм автомобилистты бон

Нæ бæстæйы шофыртæ сæ профессионалон бон бæрæг кæнынц 1976-æм азæй фæстæмæ

Хуыцаубоны бæрæг кæндзыстæм автомобилистты бон. Нæ бæстæйы шофыртæ сæ профессионалон бон бæрæг кæнынц 1976-æм азæй фæстæмæ. Дзæуджыхъæуы автоколоннæ 1210 у ахсджиаг социалон-экономикон объект. Кæд абон, зæгъæн ис, æмæ алы хæдзары дæр ис машинæ, уæддæр паддзахадон транспорты лæггæдтæй бирæтæ пайда кæнынц. Алы бон автоколоннæ 1210-ы гаражæй рацæуы 50 автобусы. Майрæмададжы рейсыл ацыд не сфæлдыстадон къорд – Моргуаты Ладæ æмæ Гайты Хетæг.

Джыбызты Мæирбег Саниба æмæ Майрæмададжы цæрджытæн хорз зонгæ у,  кæрæдзиуыл зæрдæйæ бацин кæнынц. Афæрсынц царды хабæрттæй дæр. Ацы хъæутæм Мæирбег адæмы ласы 7 азы дæргъы.

Джыбызты Мæирбег цалынмæ бæлцæттæ Майрæмадагмæ ласы, уæдмæ та уал Куымæриттаты Павел йæхи цæттæ кæны рейсмæ.  Шофырæй  иу æмæ дыууæ азы нæ кусы . 42 азмæ ацыд бирæ мингай километры. Райы йæ куыстæй, фæлæ уæддæр æмæблы зындзинæдтыл.

Автоколонна 1210-ы Мамыхъуаты Эльбрус  кусы 15 азы, фæлæ æмтгæй та йæ фæллойы фæндæг у 43 азы

Вадим Сухоруков æмæ Роман Соломоновæн сæ фыдæлтæ дæр уыдысты шофыртæ, се фсымæртæ æмæ сæхæдæг дæр сты куыстутаы раззагдæр фæллойгæнджытæ. Кусынц дард рейсытыл, Краснодар, Волгоград æмæ Цæгат Кавказы æндæр горæттæм.

Цы у æппæты зынаргъдæр шофырæн – лæгъз фæндаг æмæ адæмы арфæ, уæдæ сæ профессионалон боны фæдыл та сæхæдæг зæгъынц арфæйы ныхæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania