филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:47 суббота, 18 мая 2024
05 августа 2014, 16:47
Хуыцаубоны Куырттаты комы чи фесæфт, уыцы 6 адзыд сывæллоны ссардтой мардæй

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады агурæн къорды уæнгтæ, фæлладуадзæн базæйы чи уыд, уыдон æмæ йæ цæрджытæ агуырдтой цалдæр боны.

Мария Индинайы абон райсомы 9 сахатыл Гуысырамæ хæстæг ссардтой бынæттон цæрджытæ. Гыццыл чызджы агуырдтой цалдæр боны. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй чызг фесæфт Куырттаты комы доны былыл фæлладуадзæн базæтæй иуæй.

73620
Хуыцаубоны Куырттаты комы чи фесæфт, уыцы 6 адзыд сывæллоны ссардтой мардæй.Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады агурæн къорды уæнгтæ, фæлладуадзæн базæйы чи уыд, уыдон æмæ йæ цæрджытæ агуырдтой цалдæр боны. 
Мария Индинайы абон райсомы 9 сахатыл Гуысырамæ хæстæг ссардтой бынæттон цæрджытæ. Гыццыл чызджы агуырдтой цалдæр боны. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй чызг фесæфт Куырттаты комы доны былыл фæлладуадзæн базæтæй иуæй. 
Нырма бæрæг нæу доны кæм æмæ кудæй ныххауд, уый. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, гæнæн ис чызджы мард уыд доны бын æмæ йæ уымæн сæ бон нæ уыд ссарын. Æхсæвы уазал кæй уыд, уымæ гæсгæ доны æмвæзад фæкъаддæр æмæ уæд разынд. Абон æй райсомæй ссардтой.
Перысаты Лаврентий, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады агурæн къорды хицау: «Мах æй агуырдтам цалдæр боны, хъуыддаг куы базыдтам, уæдæй фæстæмæ. Абон сæумæраджы нæ къорды уæнгтæм фехъусын кодтой чызг кæй ссардтой, уый. Бынæттон цæрджытæ дæр æй агуырдтой æмæ йыл фыццаг уыдон сæмбæлдысты».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania