филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:48 воскресенье, 14 декабря 2025
11 июля 2014, 11:31
Хуыцаубоны нæ республикæйы цæрджытæ бæрæг кæндзысты Ирыстоны стырдæр бæрæгбæттæй иу, Хетæджы уастырджийы бон

Нæ рагфыдæлтæй нырмæ кувæм ацы дзуармæ, æууæндæм йæ æгæрон тыхыл. Курæм дзы зæххон хорзæхтæ, фæлæ дзы цы æгъдæуттæ æххæст кæнын хъæуы, уыдон бирæтæй ферох вæййынц.

73349
Нæ рагфыдæлтæй нырмæ кувæм ацы дзуармæ, æууæндæм йæ æгæрон тыхыл. Курæм дзы зæххон хорзæхтæ, фæлæ дзы цы æгъдæуттæ æххæст кæнын хъæуы, уыдон бирæтæй ферох вæййынц.

Хетæджы бæрæгбонмæ Суададжы цæрджытæ алы аз дæр иумæ æмæ зæрдиагæй фæцæттæ кæнынц. Хъæуы хистæртæ куыд зæгъынц, афтæмæй нын ацы рæсугъд бæрæгбон нæ фыдæлтæй баззад æмæ йæ хъæуы рæсугъдæй арвитын. Хъыгагæн, фæстаг азты арæхдæр æмбæлын райдыдтой бæрæгбон халджытæ.

Хъуыбатты Ибрагим, Суададжы цæрæг: «Æз мæхæдæг дæр кувæг лæг дæн æмæ мæм сæ кувинæгтæ куы æрбахæссынц, уæд сын фæзæгъын цæмæй карз ноз мидæмæ ма хæссой. Бæгæны, къуымæл – уыдонæй скув, фæлæ карз нозтæй Хуыцаумæ кувæн нæй. Фæлæ сыл кæмдæр мæ цæст нал фæхæцы, кæм сæхæдæн нæ бакоммæ кæсынц, фæлæ уæддæр чидæртæ бацæуынц. Æмæ дзы хорзæй ницы рауайы».

Тымбыл хъæды алыварс æгъдаухæлдтытæ куыд нæ уа, уый тыххæй дзы алы аз дæр рад фæхæссынц мидхъуыддæгты министрады æмæ паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Ацы аз ма семæ уыдзысты æхсæнадон организаци «Æрфæны фæд»-ы уæнгтæ. Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырдзауты фæнды кувæн бынаты сыгъдæг, рæсугъд æмæ æгъдаумæ гæсгæ куыд ацæуа æмæ тох кæндзысты, йæхи зорз чи нæ дары æмæ карз нозт чи æрбахæссы, уыдонимæ.

Дзиуаты Батрадз, æхсæнадон организаци «Æрфæны фæд»-ы уæнг: «Бæрæгбоны бон мах лæудзыстæм ам æмæ карз нозтимæ чи цæуа, уыдонимæ ныхас кæндзыстæм. Хорз мауый дæр у æмæ нæм уыдзæн бæгæны æмæ карз нозт кæмæ уа. Уыдонæн сæ лæвар ивдзыстæм бæгæныйæ. Алцыдæр уый тæххæй цæмæй ацы бæрæгбон рæсугъдæй æмæ æнæ нозтæй ацæуа».

Фæсивæд æгъдауыл хæст кæй сты, кувæн бынæтты сыгъдæгдзинад æмæ дзы хи дарыны фæтк кæй æмбарынц, уый хистæртæм тынг хорз кæсы.

Лазарты Юрий, Хетæджы Дзуары кувæндонмæ Хъæдгæроны цæстдарæг: «Ацы фæсивæды цæрæнбон бирæ уæд. Сæ зæрды хорз хъуыддаг скæнæн ис æмæ сын мах дæр æххуыс кæндзыстæм. Баныхас кодтам, куд кусдзыстæм, куыд цæудзæн фæтк, кæм хуыздæр уыдзæн. Æмæ бацархайдзыстæм бæрæгбон дзæбæхæй арвитыныл».

Нырма уал организаци «Æрфæны фæд»-ы ис 15 адæймаджы. Фæлæ сыл кæй бафтдзæн, уый æнæмæнг у. Уымæн æмæ фæсивæд æмбарынц, нæ фыдæлтæй нын цы æгъдæуттæ баззадысты, уыдон дарддæр дæр рæсугъдæй хæссын хъæуы. Уыцы хъуыддаг та хауы æрыгæттæм. Организацийы уæнгтæ фыццаджыдæр архайдзысты ууыл, цæмæй Хуыцауы ном нозтджынæй мачи ара. Цæмæй йæм карз нозтæй ма кувой. Уыимæ ма нæ алчидæр æвдисæн вæййы, ацы бон алы аз дæр Алагиры фæндагыл цас фæндаггон фыдбылызтæ æрцæуы, уымæн. Ирыстоны цæрджытæ зонынц, Тымбыл хъæды Дзуар æргом кæй у. Йæ тых дæр æгæрон у. Ам цы куывдтытæ фæхъуысынц, уыдон æм уæлдай тынгдæр хъарынц. Уымæн æм цæуынц адæм зын сахат дæр, цины хъуыддаджы дæр. «Æмæ ныл цæмæй ма сыстыр зæрдæ уа, уый тыххæй адæмы дæр хъæуы бæлвырд, нæ фыдæлтæй нæм чи фæхæццæ, уыцы уæздандзинад æххæст кæнын» – зæгъынц хистæртæ. Фыццаджыдæр та Хуыцауы ном ма арын нозтджынæй æмæ кувæн бынатмæ карз нозтимæ ма цæуын. Хуымæтæг, фæлæ фæстаг рæстæг бирæтæн зын сæххæстгæнинаг домæнтæ.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania