Педагогтæ ныридæгæн равдыстой сæ прфоессионалон дæсныдзинад æмæ къласæй дарддæр ахуыртæ куыд аразынц, уы
Хуыздæртæй хуыздæртæ архайдтой конкурстæ «Педагогон дебют» æмæ «Афæдзы хуыздæр ахуыргæнæджы» финалон къæпхæны. Педагогтæ ныридæгæн равдыстой сæ прфоессионалон дæсныдзинад æмæ къласæй дарддæр ахуыртæ куыд аразынц, уый. Кæронбæттæн къæпхæн уыд – республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Людмила Башаринаимæ ныхас. Уый та рауад ахадгæ. Архайджытæ ивтой кæрæдзийы, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй фæлтæрдджын æмæ æрыгон педагогты дæр тыхсын кæнынц иухуызон фарстатæ. Уыдонмæ хауынц: хиуыл æнæрлæугæйæ кусын, алы ахуырдзауимæ дæр хицæнæй кусын, стæй сывæллæттæм хорз ахуыр кæнынмæ тырнындзинад гуырын кæнын. Педагогон конкурсты архайджыты ма арæх тыхсын кæны, сывæллæттæ Интернетæй дзæгъæлы кæй пайда кæнынц, уый дæр. Ахуыргæнджыты та фæхъæуы бирæ рæстæг гæххæттытимæ куыстыл хардз кæнын. Конкурс «Афæдзы хуыздæр ахуыргæнæджы» жюримæ хаст æрцыдысты нæ бæстæйы цалдæр регионы ахуырады системæйы минæвæрттæ. Хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты ацы мæй. Уæд уæлахиздзауты номыл арæзт æрцæудзæн кадджын мадзал.




