филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 понедельник, 15 декабря 2025
19 марта 2014, 11:03
Хъырымæй сыздæхт Цæгат Ирыстоны делегаци

Республикæйы минæвæрттæ – Национ ахастдзинæдты фарстаты министрады уæнгтæ, депутаттæ æмæ æхсæнадон архайджытæ, æрдæгсакъадахмæ аластой гуманитарон æххуыс.

Хъырымæй сыздæхт Цæгат Ирыстоны делегаци
Республикæйы минæвæрттæ – Национ ахастдзинæдты фарстаты министрады уæнгтæ, депутаттæ æмæ æхсæнадон архайджытæ, æрдæгсакъадахмæ аластой гуманитарон æххуыс. Хойрæгтæ, хостæ, фыццаг чи бахъæуы, ахæм дзаумæттæ – æдæппæтæй 60 тоннæйы. Æртæ уæзæгтæ ласæн машинæйы фæцыдысты 1 мин километрæй фылдæр, цæмæй Хъырымы цæрджытæн радтой се `ххуысы хай, сæ фарсмæ балæууой зын сахат. Уый та ныртæккæ æрдæгсакъадахы цæрджытæн у æппæтæй сæйрагдæр.

Уататы Зелим, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат: «Ирыстоны цы æххуыс æрæмбырд кодтой, уый мах æрбаластам. Æмæ сын зæгъын стыр бузныг, Ирыстоны адæмæн. Хъырыммæ куы бахæццæ стæм, уæд ныл адæм цин кодтой, афтæ цин кодтой. Æххуысдзинадыл афтæ нæ цин кодтой, махыл куыд цин кодтой, кæй сæм æрцыдыстæм, ууыл. Æмæ сын стыр бузныг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania