19 марта 2014, 10:56
Хъырым æмæ Севастополь Уæрæсейы хай кæй систы, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз
Хъырым æмæ Севастополь нырæй фæстæмæ Уæрæсейы хай. Æппæт официалон гæххæттытæ бафыстой знон, нæ бæстæйы президент Владимир Путины Федералон Æмбырдмæ раныхасы фæстæ.
Хъырым æмæ Севастополь нырæй фæстæмæ Уæрæсейы хай. Æппæт официалон гæххæттытæ бафыстой знон, нæ бæстæйы президент Владимир Путины Федералон Æмбырдмæ раныхасы фæстæ. Ацы цауы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Ацы уынаффæ у Уæрæсейы разамынды бæлвырд къахдзæф, стæй бæстæйы цæрджыты фæндон.
Знон ма изæрæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд митинг, Хъырымы республикæ æмæ горæт Севастополь Уæрæсейы хыгъдмæ кæй бацыд, уый фарс рахæцыны тыххæй. Манежы фæзмæ æрæмбырд 5 мин адæймагæй фылдæр. Плакаттæ æмæ лозунгтимæ адæм цыдысты Хъырымы цæрджытимæ иудзинад равдысыны тыххæй. Æрбацæуджыты сæйраг хъуыды та уыди: Цæгат Ирыстон Хъырымы адæмы фæндонимæ разы кæй у, уый.
темæмæ гæсгæ




