филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:00 понедельник, 15 декабря 2025
19 марта 2014, 16:33
«Хъырым æмæ Украинæйы уавæр». Ацы темæйыл ныхас кодтой абон хицауады хæдзары арæзт пресс-конференцийы

Архайдтой дзы историктæ, политологтæ, национ æхсæнадты минæвæрттæ æмæ журналисттæ. Сæйрагдæр хъуыды уыд ахæм – Хъырымы цæрджытæн ис иу хъысмæт-Уæрæсеимæ уæвын. Æмæ уæд нæ фидæн – тыхджын федеративон æмæ бирæнацион паддзахад.

«Хъырым æмæ Украинæйы уавæр». Ацы темæйыл ныхас кодтой абон хицауады хæдзары арæзт пресс-конференцийы
«Хъырым æмæ Украинæйы уавæр». Ацы темæйыл ныхас кодтой абон хицауады хæдзары арæзт пресс-конференцийы.

Архайдтой дзы историктæ, политологтæ, национ æхсæнадты минæвæрттæ æмæ журналисттæ. Сæйрагдæр хъуыды уыд ахæм – Хъырымы цæрджытæн ис иу хъысмæт-Уæрæсеимæ уæвын. Æмæ уæд нæ фидæн – тыхджын федеративон æмæ бирæнацион паддзахад. Æмбырды архайджытæ стыр аргъ скодтой нæ бæстæйы президенты политикон хъусынгæнинæгтæн. Зындгонд уæрæсейаг политолог, профессор Игорь Панарин бузныг загъта Ирыстоны цæрджытæн, Хъырымæн кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй. Мамсыраты Таймуразы Хъырымы тыххæй хъусынгæнинаг та схуыдта æнæрæдыд дипломатон къахдзæф. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм нæ республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæ: «Æрдæгсакъадахы цы цаутæ æрцыд, уыдон равдыстой уæрæсейæгты уды фидардзинад». Ныр та хъæуы Кавказы позицитæ фидар кæнын. Политикон наукæты доктор Дудайты Альберт куыд загъта, афтæмæй Кавказ у риссаг фарста, æмæ йæм хъæуы стыр æргом аздахын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania