15 мая 2024, 11:37
Хъырымы Республикæйы Æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ
Сæ сæйраг нысан у – Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæимæ æмгуыстады бадзырд бафыссын, æмæ сæрмагонд конференци саразын
Хъырымы Республикæйы Æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. 12-æм майы нæ бæстæйы президенты уынаффæмæ гæсгæ нысангонд æрцыд æфсæддон намысы бонæй. 80 азы размæ ацы бон кæронмæ æрхæццæ Хъырым суæгъд кæныны операци. 10 азы размæ та фæстæмæ бацыд Уæрæсейы хыгъдмæ. Уымæ гæсгæ æхсæнадон кусджытæ ссыдысты нæ республикæмæ. Сæ сæйраг нысан у – Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæимæ æмгуыстады бадзырд бафыссын, æмæ сæрмагонд конференци саразын. Хъырымы æхсæнадон архайджытæ семæ сластой сæхи хъæппæристæ. Баст сты нæ регионты хсæн ахстдзинæдтæ фидардæр кæнынимæ, стæй патриотон хъомылады ахадындзинад фылдæр кæнынимæ.
темæмæ гæсгæ




