29 сентября 2014, 17:26
Хъызлары байгом фыццаг рæвдауæндон
Хъызлары сывæллæттæн æмæ ныййарджытæн æхсызгон лæвар. Хъæуы байгом фыццаг рæвдауæндон. Хи хæдзармæ бауагътой хъармгæнæнтæ, доны хæтæлтæ, электрон тыхы телтæ, рацарæзтой йæ æмæ хъæугæ дзаумæттæй сифтонг кодтой 2 агъуысты. Ныр 45 сывæллоны цæудзысты рæвдауæндонмæ астæуккаг æмæ хистæр къордтæм.

Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй стыр куыст бакодтой. Хæдзар хъуыд бындуронæй рацаразын. Бафтауын æм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. Ныр дзуапп дæтты æппæт санитарон домæнтæн.
Сывæллæттимæ кусдзысты 2 хъомылгæнæджы, дыууæ æххуысгæнæджы, музыкалон кусæг. Ис дзы хæринаггæнæг, алфæмблай фæзуатмæ зилæг, хъахъхъæнæг…
Æппæт ахуыртæ рæвдауæндоны уыдзысты уырыссаг æвзагыл.
Рæвдауæндон байгом кæнынæн æмæ æппæт куыстытæн æхца радих кодтой республикон æмæ районы бюджеттæй.
темæмæ гæсгæ