Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы ахуыргæнæндоны уыдзæн 500 бынаты
Хъызлары цæуы ног скъолайы арæзтад. Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы ахуыргæнæндоны уыдзæн 500 бынаты. Ныртæккæйы онг бæстыхайы арæзтад фæци, коммуникацитæ дæр æм бауагътой. Территори та цæттæ кæнынц иннæ къæпхæнмæ – миддæггаг куыстытæм. Объекты архайынц 100 специалистæй фылдæр. Скъола арæзт цæуы сæрмагонд проектмæ гæсгæ. Уыдзæн дзы актон æмæ спортивон залтæ. Уæлдай æргом аздæхтой зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинадмæ. Уыдзæн дзы лифтытæ æмæ пандустæ, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн. Хъызлары ис дыууæ иумæйаг ахуырады объекты, фæлæ се ппæт цæрджыты фаг не сты. Арæзтады радон къæпхæн райдайдзæн, куыддæр объектæн фæрæзтæ радих кæной, афтæ. Куыстытæ цæуынц, национ проект «Ахуырад» æххæст кæнгæйæ.




