13 мая 2020, 15:42
Икъаты Русланбеджы разамындæй арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы æмбырд
Ныхас цыд эпидемиологон уавæрыл
Икъаты Русланбеджы разамындæй арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы æмбырд. Ныхас цыд эпидемиологон уавæрыл.Стыр æргом аздæхтой республикæйы æдасдзинады ног фæткыл. Хъуамæ се ппæт дæр æххæст кæной хи хъахъхъæнæн мадзæлттæ. Ома æхсæнадон бынæтты æмæ транспорты дарын маскæтæ æмæ æрмкъухтæ. Уый у æнæмæнг хъæугæ домæн, цæмæй горæты цæрджытæ хъахъхъæной сæхи æмæ сæ хиуæтты, загъта Икъаты Русланбег.