филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
20 февраля 2020, 12:29
Икъаты Русланбег æмæ Михаил Шаталов фембæлдысты Къостайы проспекты бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытимæ

Адæмæн фадат уыд сæ ахсджиагдæр фæрстытæ раттынæн

Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег æмæ Æхсæнадон Советы сæрдар Михаил Шаталов фембæлдысты Къостайы проспекты бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытимæ. Адæмæн фадат уыд сæ ахсджиагдæр фæрстытæ раттынæн. Ахæм хуызы фембæлд арæзт æрцыд, цæмæй хуыздæр бæрæггонд цæуой цæрджыты лыггæнинаг фарстатæ, æмæ сыл æвæстиатæй куыст цæуа, уый тыххæй. Михаил Шаталов куыд загъта, афтæмæй иу хъуыддаг дæр æнæ лыггондæй нæ баззайдзæн. Ныхас цыд цæрæн хæдзæртты уавæрыл, коммуникацитыл, хæдзæртты кæртыты территоритыл, ирхæфсæн фæзтыл, фæндæгты хæрзхъæддзинадыл æмæ æхсæнадон транспорты куыстыл. Хæстæгдæр рæстæг хъуамæ снысан кæной машинæтæн æрлæууæн бынæттæн фæзуæттæ. Икъаты Русланбег куыд загъта, афтæмæй хицауады сæйрагдæр хæс у адæмы зонгæ кæнын алыхуызон программæтимæ, цæмæй дзы архайой, æмæ хуыздæр кæной сæ цæрыны уавæртæ. Ахæм хуызы фембæлдтытæ арæзт цæудзысты 3 мæйы иу хатт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania