филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:06 суббота, 31 января 2026
29 июля 2020, 13:06
Икъаты Русланбег бабæрæг кодта сывæллæтты ирхæфсæн студи «Фæндиаг»

Ам пайда кæнынц сæрмагонд методикæйæ

Дзурут иронау. Икъаты Русланбег бабæрæг кодта сывæллæтты ирхæфсæн студи «Фæндиаг». Центры мадæлон æвзаг ахуыр кæнынц, 3 азæй – 7 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сабитæ. Ам пайда кæнынц сæрмагонд методикæйæ. Горæты муниципалон сконды сæргълæууæгæн равдыстой æмæ радзырдтой, алы кары къордты ахуырадон процесс куыд цæуы, уый. Æвзонг хъомылгæнинæгтæ та кадджын уазæгæн се нтыстдзинæдты тыххæй радзырдтой иронау. «Фæндиаг» – у социалон проект. Фæзынди 5 азы размæ.

Ирон национ фæткы кафт «Чепена» кадджын уазджытæн. Зæрдиагæй йæ бацæттæ кодтой рæзты студи «Фæндиаджы» æвзонг хъомылгæнинæгтæ. Уый фæстæ та атындзыдтой сæ къласмæ, цæмæй ма сын се нтыстдзинæдтæ дæр равдисой, уый тыххæй. Ацы хатт студийы сабитæ суазæг кодтой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбеджы. Ацы центры ирон æвзаг ахуыр кæнынц сæрмагонд методикæмæ гæсгæ.

6-аздзыд Георгий дзуапп дæтты фæйнæджы цур. Равзары раст дзуæппытимæ нывтæ. Студимæ цæуын уарзы, стæй иронау дзурын дæр афтæ. Рæзты центрмæ цæуы йæ кæстæр хоимæ. Лæппу йын æххуыс кæны мадæлон æвзаджы дунемæ фыццаг къахдзæфтæ кæнынæн.

Сабиты скъоламæ æрбакæны сæ нана. Уртаты Зарæ зæгъы, ныййарджытæ тынг разы кæй сты хатдзæгтæй. Сæ кæстæрты ацы студимæ радтой, цæмæй ирон æвзаг куыд æмбæлы, афтæ сахуыр кæной, уый тыххæй. 

Рæзты студи «Фæндиаг» – у социалон проект. Фæзынди 5 азы размæ. Йæ сæйраг нысан у ирон æвзаг бахъахъхъæнын. Ацы центрмæ  æрбакæнынц æндæр адæмы хæттыты минæвæртты дæр. Уыимæ сæ ныййарджыты фæфæнды, цæмæй сабитæ иронау дзурын сахуыр уой, уый. Икъаты Русланбег куыд загъта, афтæмæй ахæм ахуыргæнæндæттæ нæ республикæйы хъуамæ уой фылдæр.

Кадджын уазæджы зæрдиаг ныхæстимæ студийы педагогтæ тынг разы сты. Пандемияйы рæстæг ахуыргæнæндон нæ куыста, æмæ паддзахадон æххуысыл сæ зæрдæ нæ дарынц. 

20 ног хъомылгæнинаджы, уыдон та сты дыууæ æххæст къорды.  Ахуыртæ цæуынц къуыри 3 хатты. Ирон æвзагæй дарддæр ам сабитæн радзурынц нæ рагон æгъдæутты æмæ традициты тыххæй. Уарзын сын кæнынц национ зарджытæ, кæфтытæ æмæ æмдзæвгæтæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania