филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:14 воскресенье, 01 февраля 2026
04 сентября 2020, 14:40
Икъаты Русланбег разамынд лæвæрдта райдиан кълæсты ахуырдзауты тæвд хæринагæй ифтонг кæныны фарстаты фæдыл æмбырдæн

Ацы хъуыддаг хауы фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæм дæр, 5-æй 11-æм кълæсты онг чи ахуыр кæны, ахæмтæм

Икъаты Русланбег разамынд лæвæрдта райдиан кълæсты ахуырдзауты тæвд хæринагæй ифтонг кæныны фарстаты фæдыл æмбырдæн. Ацы хъуыддаг хауы фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæм дæр, 5-æй 11-æм кълæсты онг чи ахуыр кæны, ахæмтæм.  Æмбырды ныхас цыди тæвд хæринагыл, фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны федералон службæйы фиппаинæгтæ иуварс кæныныл, стæй Дзæуджыхъæуы хойраджы комбинат ног ахуыры азмæ куыд цæттæ у, ууыл. Бæрнон кусæг куыд загъта, афтæмæй дарддæр мониторинг кæнын хъæуы скъолатæм тæвд хæринаг куыд хæццæ кæны, уый. Цæстдарæн мадзæлтты архайдзæн ахуыргæнæндæтты  ныййарджыты комитет дæр. Æмбырды докладтимæ раныхас кодтой æмæ сæ хъуыдытæ загътой æхсæнадон советы сæрдары хæдивæг Дзахоты Ларисæ, горæты ахуырады управленийы хицау Зинаида Ларионова æмæ Дзæуджыхъæуы скъолаты директортæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania