Байгом Сæрибардзинады фæзы викторинæйæ.
Инклюзивон ахуырады къуыри райдыдта
Цæгат Ирыстоны. Байгом Сæрибардзинады фæзы викторинæйæ. Амонджытæ радзырдтой,
инклюзийæ цы у, уый тыххæй, стæй Уæрæсейы йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у,
уыцы сывæллæттæн арæзт кæй æрцыд æмæ ахадгæйæ кæй кусы сæрмагонд ахуырады
системæ. Æххæстгонд цæуы нæ республикæйы дæр. Волонтертæ æмæ скъоладзаутæ
сывæллæттимæ кафыдысты, зарыдысты. Сарæзтой ма флеш-моб дæр. Фæзы æрхахх кодтой
тымбыл, æмæ йæ хуылфы савæллæттæ ныв кодтой зæххыл æмæ мольберттыл.
Цæгæраты Руслан, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг
хайады æмсæрдар: «Ай хорз хъуыддаг у. хъуамæ дарддæр дæр æххæстгонд цæуа.
Æнæхъæн къуыри арæзт цæудзысты алыхуызон хъуыддæгтæ. Нæ сывæллæттæ алыхуызон
сты, фæлæ сын хъуамæ иухуызон уавæртæ уа».




