филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:03 воскресенье, 12 мая 2024
12 сентября 2019, 17:00
Иннæ азæн бæрæггонд æрцыди пенсиисæгæн цæрыны æппынкъаддæр бæрц

8 мины 4 сæдæ 55 сомы.

Иннæ азæн бæрæггонд æрцыди пенсиисæгæн цæрыны æппынкъаддæр бæрц. 8 мины 4 сæдæ 55 сомы.

Парламенты æмбырды ныхас цыди, ацы азы 6 мæйы бюджет куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. Федералон бюджетæй республикæйæ æдæппæтæй Субсидитæ дихгонд æрцыди 1 милиард 71 милуан сомы. Фæрæзты иу хай хардзгонд цæуы фæндæгты арæзтадыл. Бафыстой 3 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæтты фиддонтæ. Финансон æххуыс райстой фермертæ дæр. 66 милуаны æрвыст æрцыди адæмы кæлатдзаг хæдзæрттæй ногтæм ракæныны программæ æххæст кæнынмæ. Бюджеты æфтиæгтæ афæдзы фыццаг æмбисы уыдысты 13 милиард, уыййас уыдысты хæрдзтæ дæр. Дефицит – 339 милуан сомы. Парламенты уæнгтæ ма æрныхас кодтой æвзæрстыты хатдзæгтыл дæр. Республикæйы мидхъуыддæгты министры хæдивæг Сабанты Альберт куыд загъта, афтæмæй ведомствæмæ закъонхæлдтыты тыххæй æрбацыди 12 хъасты. 11 ыл дзы цæуы куыст, иу хъуыддаг та æрвыст æрцыди Ленины тæрхондонмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania