филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:46 пятница, 15 ноября 2024
12 октября 2012, 10:52
Интернационалон уынджы 99-æм хæдзары бæстыхай арæзт æрцыд æнусы рдæджы размæ

Интернационалон уынджы 99-æм хæдзары бæстыхай арæзт æрцыд æнусы рдæджы размæ. Уæдæй нырмæ бындурон цалцæггонд никуы уыд. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ лыггæнинаг фарстатæ фæфылдæр сты.

Интернационалон уынджы 99-æм хæдзары
бæстыхай арæзт æрцыд æнусы рдæджы размæ. Уæдæй нырмæ бындурон цалцæггонд
никуы уыд. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ лыггæнинаг фарстатæ фæфылдæр сты.

Базæронд хæдзары сæр, æмæ уаргæ бон дон æркæлы фатертæм. Бæстыхайы цур нæй уарыны дон æддæмæ кæуылты цæуа, ахæм бынæттæ.

Интернационалон уынджы 99-æм хæдзары
цæрджытæ ныр цалдæр азы цæрынц æвзæр уавæрты. Хæдзары сæр кæй базæронд,
уый аххосæй уаргæ бон дон бакæлы фатертæм. Уый тыххæй та хъуына кæнынц
къултæ. Дон кæдæм кæла, уый йын нæй, æмæ байдзаг вæййы хæдзары кæрт дæр.

Зæнджиаты Терезæ, Интернационалон уынджы
99-æм хæдзары цæрæг: «Тæрк къæвда куы вæййы, уæд ам дон вæййы, уæртæ
Терк куыд уа, афтæ. Кæртмæ æрбакæлы, стæй хæдзары алыварс дæр. доны
хуылфы вæййæм. Тынг къæвда куы вæййы, уæд подъездмæ дæр æрбакæлы.
Хъайвантæ нымбыд сты, куы зæгъын 50 азы ам цæрын æмæ дзы иу хатт дæр
ницы бакуыстой. Желубты кой нæ кæнын».

Хæдзары кæрт у фæндагæй 30 сантиметры
бæрц дæлдæр. Дон дæр нæм уымæн æрбакæлы, зæгъынц цæрджытæ. Раздæр
бæстыхайы цур уыд сæрмагонд бынæттæ, уарыны дон æддæмæ кæуылты цæуа,
ахæмтæ. Фæлæ фæндаг куы цалцæг кодтой, уæд зæххы бын баззадысты. Уыдон
ногæй саразынæн та чысыл фæрæзтæ нæ хъæуы. Хæдзар ис Дзæуджыхъæуы
муниципалон цæрæн-эксплуатацион 4-æм куыстуаты бæрны. Уырдæм цæрджытæ сæ
хъаст цалдæр хатты бахастой, фæлæ нырмæ дæр ницы дзуапп райстой.

Миндзайты Вадим, Дзæуджыхъæуы
муниципалон цæрæн-эксплуатацион 4-æм куыстуаты сæйраг инженер: «Адæм цы
æхца фидынц махмæ, уыдонæй мах кæнæм хæдзары цы техникон куыстытæ ис,
уыдон. Бындурон цалцæг скæнæн дзы нæй. Хъуамæ уа программæ, æмæ хæдзары
цæрджыты хъæуы гæххæттытæ æрæмбырд кæнын. Протокол, стæй сæхæдæг дæр
хъуамæ æхца бахæссой. Ныртæккæ гæххæттытæ куы бацæттæ кæной, уæд сæ
2013-æм азмæ бахæсдзыстæм прграммæмæ».

Интернационалон уынджы 99-æм хæдзары
цæрджытæ сæрмагонд программæйы хыгъдмæ куы бахауой, уæд 2013-æм азы
бюджеты æвæрд æрцæудзæн фæрæзтæ. Æмæ уæд, гæнæн ис фидæны аз уавæр
аивдзæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania