Ацы хатт Мæскуыйы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ. Æмбырды темæ уыди «Ирон æвзаг æмæ традицитæ нырыккон стыр горæты бахъахъхъæнын». Архайдтой дзы æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхасы», республикæйы наукон интеллигенцийы кусджытæ æмæ Мæскуыйы цæрæг ирæттæй цалдæрæй.
Интернет-проект «Осетинское землячество On-line» æххæст кæнгæйæ абон уыди дыккаг видео-конференци. Ацы хатт Мæскуыйы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ. Æмбырды темæ уыди «Ирон æвзаг æмæ традицитæ нырыккон стыр горæты бахъахъхъæнын». Архайдтой дзы æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхасы», республикæйы наукон интеллигенцийы кусджытæ æмæ Мæскуыйы цæрæг ирæттæй цалдæрæй. Нациты ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Фрайты Сослан радзырдта, ирон адæмы культурæ бахъахъхъæныны тыххæй диаспорæтимæ æмгуыстадыл куыд архайынц, уый тыххæй. Фæстæдæр онлайны фæрцы раныхас кодтой Мæскуыйаг ирæттæ. Куыд загътой, афтæмæй сæ фыццаг хæс у, фæсивæды мадæлон æвзаг æмæ æгъдæуттæм разæнгард кæнын. Æхсызгон у, бæстæйы сæйраг горæты бирæ ирон фæсивæдон организацитæ кæй ис, уый. Иумæйагæй архайынц, æмзæххонты æнгомдæр кæныныл, сæйрагдæр та – ирон æвзагыл дзурыныл.
Ахæм видео-конференци æрæджы уыди Турчы цæрæг ирæттимæ дæр. Йæ ахадындзинад ныридæгæн дæр у бæрæг.




