Архайдтой дзы нæ республикæйы зындгонд артисттæ, сфæлдыстадон къордтæ, стæй Цæцæны республикæйæ уазæг. Центры сæрдар Хабæты Хандзарифæ сын раарфæ кодта, æрвылаз сывæллæтты бæллиц сæххæст кæнынмæ се вæрæн кæй бахæссынц, уый тыххæй, æмæ сын радта кады гæххæттытæ.
Хабæты Хандзæриффæ, Инвалид сывæллæтты реабилитацион центр «Алани»-йы сæрдар: «Æхцайы фæрæзтæй нæм фæкæсдзысты нæ алыварс цы адæм ис, уыдон. Æмæ цы æхца æртымбыл уа, уыдонæй сæ ласæм денджызмæ, Туркмæ. Рагæй сæ фæндыд, æмæ 3-аг аз цæуæм уырдæм. Ардæм чи æрбацыд æмæ йæ армæй йæ бон кæмæн бацис æххуыс бакæнын, уыдонæн мæ фæнды раарфæ кæнын. Сæ цæрæнбон бирæ уæд, сæ цоты хуртæй æфсæст уæнт. Мах зæрдæ рыст макуы бавзарæнт. Сæ сывæллæттæ сын сæ зæрдæ рухс кæнæд, æнæнизæй сын бахъомыл уæнт».




